skip to Main Content

Рӕстӕг алцӕмӕн хос у? Рӕстӕджы мидӕг алцы рох ӕрцӕудзӕн?..

Раст ныхæстæ не’сты.
Ирон адæм Бесланы куыд ферох кæндзысты? Бесланы рыстæн хос ис?..

08.08.2008 бон ферох кæнын бафæраздзыстæм?
Дуыууæ мин адæймагы рыстæн рæстæг хос суыдзæн?..
Æдылы æмæ фыд тыхгæнджыты митӕ ферох гæнæн ис?..

Ирон адæм царды мидæг бирæ æфхæрдтæ баййæфтой, фӕлӕ ирон намыс къæхты бынмӕ никуы æpуагътой.
Саакашвилийы хуызæн æрдæгзонд хицӕуттæ нæ, фæлæ ма историйы стырдӕр бӕстӕты æнæхуыцауыхай сӕргълӕуджытӕ дæр нын нӕ бафӕрӕзтой нæ бындур сыскъуыйын. Нæдæр бафæраздзысты.

08.08.2008 боны хабӕрттӕ тыхгæнджытæ ныртæккæ æфсармæй æмбæхсынц. Махæн та нæ сæртæ бæрзонд.

08.08.2008 бон никуы ферох кæндзыстæм:
«Чи уæ нæ амара, уыцы цæф уæ хъаруджындӕр кæндзæн».
Мах дæр ныртæккæ хъаруджындæр стæм.
Сæрибар республикӕ сарæзтaм.
Æдылы тыхгæнджыты дӕр нæ ферох кодтам, фӕлӕ кӕсӕм дарддӕр размæ…

Туырчы ирон адæмы æхсæнад
«Алан»

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск