skip to Main Content

Мæскуыйаг ирон уайдзæф

Газет «Рæстдзинад»-ы «Æлутон»-ы фæрстыл арæх бакæсын ирон æгъдæуттæ, ирондзинад, ирон ныхасы культурæйы сæраппонд Цгъойты Хазбийы æрмæджытæ. Йæ зондахаст мæнæн у тынг хæстæг æмæ йæ хорз æмбарын æрдæгдзырдæй дæр, цы зæгъынмæ фæхъавы, уый.

Мæ фыстæджы хъапп та уый мидæг ис, æмæ йæ иу æрмæджы бакастæн хатиаг æвзаг тауджыты тыххæй, кæцыйы куры, цæмæй йын газеткæсджытæ хатиаг æвзаг тауджыты цардæй исты равдисой. Æмæ йын мæнæ иу худæджы ныхас, кæд ын искуы бабæззид исты æрмæджы. Фехъуыстон æй 1958 азы, фæндзæм къласы ма куы ахуыр кодтон, уæд.

Мæ сыхаг утытæ бадынц, æмæ се `хсæн цæуы ахæм ныхас дыргътæй фых вареннæйы тыххæй. Сæ иу æппæлы къомсийæ фых вареннæйæ, иннæ ппæлы чылауийæ фых вареннæйæ. Уæд мæ хъус ацахста се`хсæн ахæм ныхас:

Нæ сыхаг сылгоймаг Зойæ загъта:
– Мæнæ æхсынцъы цы у, æхсынцъы, уымæй дзы хуыздæр, хæрзаддæр вареннæ нæй. Райхан, ахæм хæрзад у, ахæм æмæ диссаг.

Уæд иннæ сыхаг ус Райхан афтæ:
– Зойæ, ды ницы понимат кæныс вареннæ фыцынæн æмæ мæнимæ спорит ма кæн. Зойæ, мæнæ лыча чи у, лыча, уыцы вареннæйæн дзы æмбал кæй нæй, уый хорз знат кæнын æз. Мæнмæ вареннæ фыцынмæ стыр фæлтæрддзинад ис. Ды та ницы понимат кæнгæйæ мемæ спорит кæныс. Так что лычайæ конд вареннæйæ дзы лучше дæр ницы ис.

Гъе ахæм худæджы ныхас фехъуыстон кæддæр æмæ йæ арф бахъуыды кодтон.
Мæ фыд Дзаххоттæн та цыппорæм азты «Рæстдзинад»-ы рацыд фельетон «Хатиаг æвзаг тауджытæ», зæгъгæ. Æмæ уæд къаддæр уыдысты, фæлæ ныр мах заман сбирæ сты æмæ ирон ныхасы культурæ сафынц, æмтъеры ныхæстæ кæнынц.

Уыцы хабæрттыл, Хазби, бирæ ис дзурæн.
Кæронбæттæны ма иу фиппаинаг. Уæ зæрдæ мыл ма фæхудæд, кæд мæ фыстæджы рæдыдтытæ ис, уæд уымæй. Ирон грамматикæйы æгъдæуттимæ зонгæ нæ дæн. Уымæн æмæ ирон скъолайы цæттæгæнæн кълас йæддæмæ каст ницы фæдæн æмæ кæд кæдзыгтæ раст не `вæрын, уæд мын хатыр фæуæд. Стæй Ирыстоны 50 азы бæрц нæ цæрын. Уырысы `хсæн дæр æмæ, цæмæй æвзаг ма рох кæнон, уый тыххæй æз алы бон дæр кæсын ирон газетт «Рæстдзинад», ирон чиныг, Мæскуыйы ирæттимæ æмбæлын æмæ семæ æз æрмæстæр фæдзурын иронау. Сæ фылдæр та мын дзуапп дæттынц уырыссагау. Æмбаргæ кæнынц, фæлæ дзурынмæ æфсæрмы кæнынц. Уымæн æмæ ирон ныхас рох кæнын райдыдтой. Уый стыр хъаймæт у! Æмæ амы цæрджытæн хатыр фæуæд, фæлæ, Ирыстоны чи цæры, уыдонæн та, иронау кæй нæ дзурынц, уый хъуамæ уа худинаг. Худинаг!..

Ходы Тамерлан
Мæскуы 

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск