skip to Main Content

Зӕронд архивтӕй

Мӕ фыды гæххæтыты ‘хсæн æссардтон иу цымыдисаг æрмæг, радиобакаст.

Мæ фыд Ходы Дзаххотт ӕй Ирыстоны Республикон радиойæ радзырдта 1947 азы 22-æм февралы, Советон Æфсадыл 29 азы кæй сæххæст уый фæдыл.

Стæй дзы Дзаххотт, Хъарасаты Хасанбеджы ном ары. Хасанбег уыдис йæ хæстон æмбал. Службæ кодтой иу батальоны Хасанбег командæ кодта 7-æм ротæйæн, Дзаххотт та 9-æм ротæйæн. Венгрийы, Балатоны цады былтыл стыр карз тох кодта нæ Сырх Æфсад фашистон тугдзыхты ныхмæ. Уыцы карз тохтæ  цыдысты 10 боны дæргъы 6-æм мартъийæ 15-æм мартъимæ 1945 азы. Фашисттæй уыцы тохбонты 10 бонмæ фесæфт 40-45 мин салдатты. Махуæттæ дæр фæхъуаг сты 33 мин салдатмæ æввахс ахæм карз тох уыдис Балатоны цады былтыл. Дзаххотт куыд дзырдта, уымæ гæсгæ Хасанбег ма баззад йæ æртæ æмбалимæ йæ ротæйæ æмæ Хасанбегæн йæ къухы ирон хъама афтæмæй кардхæсты бацыдис немыцы ныхмæ æмæ сæ туг сæхæдæг райстой, фæлæ йæхæдæг дæр фæмард ис уыцы карз тохы. Дзаххотты ротæйы уæнгтæ дæр цагъды фесты уыцы хазуатон тохты. Баззадысты ма дыууæйæ Дзаххотт æмæ йæ салдатт. Уыцы уырыссаг салдаттæн азæххыл ничиуал баззад æмæ йæ Дзаххотт нæхимæ Ирыстонмæ сласта.

Æз дæр ма йæ хъуыды кæнын, куыста Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл парчы хъалгъурæй.æз йæм иу арæх æрбауадтæн., фарстон иу æй хæсты хабæрттæй.

Фæлæ бирæ нæ дзырдта мæ бон дам нæу, уымæн æмæ дам мæ зæрдæ суынгæг вæййы мæ хæстон æмбæлтты куы æрхъуыды кæнын уæд. Уыцы салдатт амардис йæ хæстон цæфтæй 1955 азы.

Уæлдæр командæгæнæг Балатоны цады былтыл тохты фæстæ Дзаххот æмæ Хъарасаты Хасанбеджы бавдыстой Советон Цæдисы Хъæбатыры номмæ, фæлæ ницы райстой гæххæтытæ фесæфтысты уыцы хæсты пиллоны.

Дзаххотт ма йæхæдæг писмо дæр ныффыста Гæрзифтонг Тыхты архивмæ, фæлæ ницы ссардтой.

г. МÆСКУЫ    23 МАРТЪИ    ХОДЫ ТАМЕРЛАН

 

Радиоравдысты расшифровка:

Æмбæлттæ радиомæ хъусджытæ, мах микрофоны размæ æрбахуыдтам Фыдыбæстæйы Хæсты уæвæг, орденджын æмбал Ходы Дзаххотты.

Байхъусут, дæттæм йын ныхасы бар.

 

—————————–

 

Цыппар азы дæргъы нæ уарзон Фыдыбæстæйы сæраппонд хæсты быдырты цы тох фæкодтам немыцаг фашизмы ныхмæ, уый цыбыр дзырдæй зын зæгъæн у.

Фæлæ дзы æз радзурынмæ хъавын иуæй-иу æнæферохгæнгæ хъуыдтæгты эпизодты. Уыцы эпизодтæ, адæймаджы зæрдæйæн уæлдай зынаргъдæр сты Советон Æфсады 29æм азы бæрæгбоныл æмбæлгæйæ.

Фыдыбæстæйы Хæст куы райдыдта, уæд æз уыдтæн нæ намысджын Советон Æфсады рæнхъыты. 25æм июны 1941 азы фыццаг хатт мæ хъустыл уайын байдыдтой немыцаг пулемётты къæр-къæр, сармадзанты уæззау уынæр, æмæ хæдтæхджыты гуыв-гуыв. Уый уыдис Белоруссийы рæсугъд быдырты.

Æз цы полчъы уыдтæн, уый уым хæрхæмбæлд фæцис гитлеронтимæ.

Æхсæвæй-бонæй. хæцыдыстæм, нæ зыдтам фæллад быхстам зындзинæдтæн, уарзтам нæ райгуырæн бæстæйы, уарзтам æй æмæ уарзондзинады фæдыл лæг цы фыдæбæдтæ фæкæны, уыдон æм зын нæ фæкæсынц.

Сау пиллон арты сыгъдысты нæ рæсугъд горæттæ æмæ хъæутæ. Фæлæ уæддæр нæ фæтарстысты хъæбатыр æфсæдтонтæ æмæ афицертæ, тох кодтой знаджы ныхмæ. Хъазуатон тох кодта цыренæй-цырендæр. Хæст цыдис иу аз, дыууæ азы, æртæ азы, цыдис нæ уарзон бæстæйы быдырты, уый фæстæ ахызтыстæм знаджы зæххмæ. Æрдæгмард сырд лидзын байдыдта. Мæнæ Бессарабийы сæнæфсирджын быдыртæ.Æнхъæлмæ кæсынц советон æфсадмæ, цæмæй цæ уый суæгъд кæна фашизмы уæззау цырыхъхъы бынæй.

1944æм аз, августы мæйы 19æм бон. Алчидæр йæхи цæттæ кæны ног уæлахиздзинæдтæм. Алчи дæр хорз æмбæрста 20æм августы 8 сахатыл ногæй кæй бырсдзыстæм уый. 20æм август. Катюшæты нæмгуытæ цæхæртæ калгæ тæхынц размæ æмæ пырх кæнынц немыцы æфсæдты. Уалынмæ кусын райдыдтой уæззау артиллери, танктæй. Зæхх ризæгау кодта, сармадзанты нæрын, арвы нæрынæй уыдис бирæ тыхджындæр. Райдыдта Яссы-Кишинёвы операци. Æз уыдтæн пехотæйы.

Ӕфсады хистæр командир Степанов Василийы приказмæ гæсгæ мах бырсын райдыдтам Бессарабиаг хъæу Шерпанинмæ. Бахæццæ стæм немыцы траншейæтæм, фæлæ дзы змæлæг нал ис, иутæ дзы дзыхъмард фесты, иннæты сармадзанты нæмгуытæ фæхастой фæйнæрдæм, аннæтæ та, ома цæф чи фæцис, ахæмтæ лæууыдысты сæ бынæтты суртæй.

Афтæ сæ фæкодтой нæ хъæбатыр артиллеристтæ. Бессарабиаг хъæу Шерпанин  райстам уайтагъд. Дыккаг бон уыдыстæм Кишинёвы цур. Уыцы бонæй фæстæмæ хæцын райдыдтам знагæн йæхи зæххыл. Ахызтыстæм Румыны, Болгарийы сæрты, уагъд кодтам Югославийы хъæбатыр адæмты фашизмы дзæмбытæй.Кавказы кæд Будапешты цур хæцыдыстæм, уæддæр хъахъæдтам нæ райгуырæн бæстæйы, хъахъæдтам куыд нæ æппæт бæстæйы, афтæ мæ райгуырæн Бæтæхъойыхъæуы дæр. Кæд тох кодтам Балатоны доны былтыл фашизмы ныхмæ, уæддæр хъахъæдтам нæ уарзон Дзæуджыхъæу æмæ нæ колхозон хъæуты.

Кæд æнауæрдон тох кодтам Австрийы бæрзонд хæхты цъуппытыл æмæ арф кæмтты,уæддæр мыккагмæ æдас кодтам Кавказы рæсугъд хæхты, æмæ сæрибаруарзаг адæмты, хъахъæдтам ирон адæмы кад æмæ намыс.

9-æм май, 1945-æм аз фæцис хæст. Сырд мард æрцыдис йæхи лæгæты.

Берлины сæрмæ æсфæйлыдта  Уæлахизы тырыса. Мах фæуæлахиз стæм, уымæн æмæ махæн разамынд лæвæрдта адæмты цытджын фæтæг Сталин.

Уæдæй нырмæ рацыдис афæдзæй фылдæр. Нæ бæстæ рахызтис сабыр арæзтадон цардмæ,сабырдзинад ссардта йæ бынат æмæ та сæрибар уарзæг адæмты тавынц Сталинон хуры тынтæ, ногæй аразæм знаг кæй ныппырх кодта, уыцы адæмон хæдзарад, тох кæнæм Сталинон ног фондзазоны пълан баххæст кæныныл.

Советон Æфсады 29-æм азы бæрæгбоныл æмбæлгæйæ æз зæгъынмæ хъавын уый, æмæ кæй ис ахæм хъæбултæ дæр, кæцытæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд радтой сæ цард, мæлæтмæ комкоммæ кæсгæйæ тырныдтой уæлахиздзинадмæ æмæ сæрибарыл тохы  хъæбатырæй фæмард сты.уыцы хъæбатыртæй иу  у Хъарасаты Хасанбег. Уый мемæ уыдис иу батальоны, командæ кодта 7-æм ротæйæн, æз та 9-æм ротæйæн.

6-æм мартъи, немыц æрбабырстой Венгрийы  Балатоны цады цурмæ. Туг æнхъизын байдыдта уыцы быдырты.

Тох кодта карзæй-карздæр. Хасанбег фæцæф, фæлæ уæддæр йæ сæрмæ не “рхаста хæсты быдырæй рацæуын. Райдыдта кардæй хæст æмæ уыцы хæсты хъæбатырæй фæмардис ирон адæмы иузæрдион хъæбул, Хъарасаты Хасанбег.

Уый махимæ нал федта уæлахиздзинады бон. Кад æмæ Намыс ахæм хъæбатыр хæстонæн. Æмбæлттæ, æз бакæсдзынæн уыцы хъæбатыр хæстоны ном цы æмдзæвгæйы арын, уымæй æскъуыддзаг.

Хур сабыргай тулæгау

Рауагъта йæхи,

Нæ цæргæстæ иу лæгау

Равдыстой сæхи.

 

Хæст цыдис, æхсæвæй-бон

Чи зыдта фæллад?

Хæрд нæ уыд? Уыди дзы дон,—

Дон нæ уыд æгад.

 

Уалынмæ дын диссагау

Къудзийы бынæй,

Рагæпп кодта бирæгъау

Ганс, йæ хуыз цыдæй

 

Гансимæ дзыхæй-дзыхмæ

Алæууыд Хасан,

Карз тохы ныхæй-ныхмæ

Ныр дæ хъару “взар.

 

Иу æрцæфæн къориау

Атылд Гансы сæр

Хасан та дын уариау

Басырдта æндæр.

 

Бацафта йæ, раст цыма…

Кодта йын укол

Уымæй хуыздæр бон цы уа

Знагæн та фыдбон.

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск