skip to Main Content

Смоленскы облæсты ссардтой лейтенант Ходы Бимболаты ингӕн

Бимболат уыд Зӕронд Бӕтӕхъойыхъӕуккаг Ходы Джиуæры фондз фыртӕн сӕ цыппӕрӕймаг. 1941 азы лӕппутӕ се ‘ппӕт дӕр — Хазби, Агыса, Дзаххотт, Бимболат æмæ Валодя ацыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Хӕцыдысты алы рӕтты. Фондз ӕфсымӕрӕй ма фӕстӕмӕ сыздӕхтысты Дзаххотт æмæ Агыса. Хазби (фыссӕг Ходы Камалы фыд), æмæ йæ дыууæ кæстæр æфсымæры Бимболат æмæ Валодя æбæрæгæй фесæфтысты уыцы хæсты пиллоны.

«Нæ фыды фыд Джиуæр æмæ нæ фыды мад Маша суанг 50-ӕм азты дӕр ма ӕнхъӕлмӕ кастысты сӕ фырттӕм. Гъер, зӕгъгӕ-иу исчи ӕрӕджиау хæстӕй ссыд, уӕд иу ӕм фӕрсӕг цыдысты, кӕд, мыййаг, исты фехъуыста махуӕтты тыххӕй», — Ходы Тамерлан.

Ӕртӕ ӕфсымӕрӕй афтӕ дӕр ницыуал рабӕрӕг абоны онг. Ӕмӕ ныр, раст цалдӕр боны размӕ Смоленскӕй схъуысыд ӕхсызгон хабар: рабӕрӕг лейтенант Ходы Бимболат кӕм фӕмард 1941 азы! Йӕ ингӕн йын ссардтой Смоленскы облæсты, Дорогобужы районы, урочищæ Никитинойы.
Советон ӕфсæддонтæ ныгæд уыдысты хъæды, рабӕрӕг сӕ кодтой Мæскуыйы облæсты поисковикты къорд «Вечный Огонь» (сæ хистæр Кобяков Алексей) ӕмӕ Смоленскы облæсты поисковикты къорд «Боец»-ы (сӕ хистæр Сергей Голубков) архайджытӕ. Бимболаты ссардта Иван Тургенев.

Æдæппæтæй уыцы хъӕды разынд 34 сырхæфсæддоны, уыдонӕй сӕ нӕмттӕ сбæрæг кодтой æрмæст дыууӕйӕн. Иу дзы Ходы Бимболат. Хабар афтӕ рауад, ӕмӕ йын йемӕ ссардтой медальон. Йӕ хуылфы разынд йæхи къухæй фыст гӕххӕт йæ хӕдзары адрисимӕ Ирыстоны. Гӕххӕтт рӕстӕг тынг нӕ бахъыгдӕрдта – фыстытӕ дзӕбӕх зынынц.
Ӕмӕ уӕд уыцы лæппутæ сдзырдтой Ирыстоны поисковиктæм, уыдон та хабар бахастой Зæронд Бæтæхъойы хъæумæ, Ходмæ. Афтӕмӕй мыггаг базыдтой сӕ туг се ‘стӕг кӕм ис, уый.

«Æз сæм мӕхӕдӕг Мæскуыйæ бадзырдтон уыцы поисковиктӕм, бӕлвырд мын радзырдтой куыд мын ссардтой мӕ фыды ‘фсымӕры. Арвыстон сын Бимболаты къам дӕр. Фæнды мæ стыр бузныг зæгъын ацы уырыссаг лæппутæн, тынг хъæугæ куыст  кæнынц. Тынг! Сæ цæрæнбон бирæ уæд дыууӕ къорды архайджытӕн дӕр», — Ходы Тамерлан.

Бимболаты поисковиктӕ рæстæгмæ хицæнæй баныгæдтой. Куыд загътой сӕхӕдӕг, афтӕмӕй, дам, зонæм, ирæттæ сæхиуæтты Ирыстонмæ кæй аласынц, уый. Ныртӕккӕ та Ходы фӕсивӕд ахсджиагӕй февнӕлдтой хъӕугӕ гӕхӕттытӕ ӕмбырд кӕнынмӕ, цӕмӕй Бимболат ӕрӕнцайа йӕ райгуырӕн хъӕуы.

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск