skip to Main Content

Ходыхъæу

Уæлладжыры комы Ходы хъæуы историйы тыххæй алыхуызон æрмæджытæ фыст æрцыд. Æрæджы ма æз дæр ацы хъæуы историйы тыххæй иу æрмæг ссардтон мæ фыд, йæ рæстæджы зындгонд журналист Ходы Дзаххотты гæххæттыты ‘хсæн.

Дзаххотмæ та ацы æрмæг æрбахауд, мидбæстон хæсты архайæг, партизан, ходыхъæуккаг Едзиты Дæхцыхъойы фырт Уыгъалыхъæй.

Уыгъалыхъ æрæмбырд кодта ацы æрмæг æмæ йæ Дзаххотмæ радта, цæмæй йыл гыццыл литературон æгъдауæй бакуыстаид, уый тыххæй. Историон æгъдауæй у цымыдисаг.

Едзиты Уыгъалыхъ куыд фыссы, афтæмæй Ход æрбынат кодта Садон æмæ Уæллаг Зджыдмæ ‘ввахс. Æрмæст, хъæуы ном, Ход, кæцæй равзæрд, уый бæрæг нæу. Ныртæккæ Ход цы ран ис, уым фыццаг æрцард Хъайтыхъ.

1903 азы ходыхъæуккæгтæ Едзиты Умар æмæ Хъайтыхъты Хуысины ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ Ход кæм ис, уыцы бæстыхайыл XVII æнусы райдайæны ничи цард. Едзиты Умар æмæ Хъайтыхъты Хуысин та уыцы ныхæстæ фехъуыстой, сывæллæттæ ма куы уыдысты, уæд, Ходы цæрæг зæронд лæгтæй.

Хъайтыхъ, таурæгъ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ фæтуджджын Кæсæджы Науырызты мыггагимæ æмæ ралыгъд Дыгургоммæ.

Хъайтыхъ-иу арæх цыдис цуаны. Иу заман уый саг амардта, ныртæккæ Ход кæм ис, уыцы ран.

Хъайтыхъыл уым æризæр, саджы дзидзайæ йæхицæн физонæг скодта, æхсæвæр бахордта æмæ æхсæвиуат уыцы ран, суадоны раз, бакодта.

Сæумæрайсом фестад, йæхи ныхсадта, саджы фыдæй та йæхицæн физонæг скодта, Хуыцаумæ скуывта æмæ аходæн бахордта.

Фæстагмæ Дыгургоммæ æрцыд Уæлладжырæй æмæ йæ хæстæджытимæ бауынаффæ кодта, цæмæй Уæлладжыры коммæ ралыгъдаиккой.

Дыгургомæй Уæлладжырмæ куы слыгъдысты, уæд сæхицæн хæдзæрттæ аразын райдыдтой. Ходы цæрæг зæронд лæгтæ куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ Хъайтыхъ сарæзта дыууæуæладзыгон хæдзар æмæ стыр мæсыг. Аразгæ та сæ кодтой грекъæгтæ, баххуырста сæ Хъайтыхъ.

1670 азы Хъайтыхъ хъуыддаг бакодта. Ракуырдта чызг Бады хъæуæй, йæ ном хуындис Дзерассæ.

1672 азы Хуыцау Хъайтыхъ æмæ Дзерассæйы схорзæхджын кодта фыртæй. Уымæн радтой ном, Джиор, стæй ма сын фондз азы фæстæ 1677 азы райгуырд чызг Тамарæ.

Хъайтыхъы фырт Джиорыл 23 азы куы сæххæст, уæд ын 1695 азы хорз чындзæхсæв скодтой. Хъыгагæн, йе ‘мкъайы ном бæрæг нæу.

Фæлæ, Ходы хъæуы хистæрты ныхæстæм гæсгæ, уыдонæн райгуырд фондз фырты: Дзиго, Дауыт, Додта, Тедто æмæ Теде. Уыдон сæ фыдыфыд Хъайтыхъæн аккаг лæгтæ систы.

Дзиго, Дауыт æмæ Додтайы байзæддæгты иу хай ныртæккæ дæр ма Хъайтыхътæй фыссынц сæхи, фæлæ Тедто æмæ Тедейы байзæддæгтæ сæхи фыссынц Тедтойтæ æмæ Тедетæй. Æмæ уæддæр абоны онг дæр зонынц, уыдон тынг хæстæг кæй сты, уый, æмæ сæ хæстæгдзинад нæ рох кæнынц.

Хъайтыхъты Дзиго, Дауыт æмæ Додтайы байзæддæгтæй дæр цалдæр мыггаджы рацыд — Дзиготæ, Дауыдтæ, Додтатæ. Уыдонæй та — Гæдотæ, Тамбитæ, Бадриатæ, Дзамбабайтæ, Уачъитæ æмæ Танделатæ.

Æрыдон æмæ Заманхъулы цæрæг Бадриатæ ацы мыггаг фыссын райдыдтой 1835 азæй фæстæмæ.

Ноджыдæр ма Хъайтыхъты мыггагæй Дыгуры 1848 азы равзæрдысты дыууæ ног мыггаджы — Дзансолтæ æмæ Хуадонтæ.

Хуадонтæ дæр Ходæй сты, фæлæ, дыгурон диалекты æгъдæуттæм гæсгæ фыссынц Хуадонтæй. Ноджы ма Ходæй рацæуджытæй Дыгуры сæвзæрд мыггаг Хабитæ.

Дзансол Хъайтыхътæй уыд, фæлæ, Ходы хъæуæй Дыгурмæ куы ралыгъд, уæд æрцард Хæнæзы, æмæ йæ байзæддæгтæ Дзансолтæй фыссын райдыдтой сæхи. Ацы мыггæгтæ сты Хъайтыхъы байзæддæгтæ.

Хъайтыхъы фæстæ Ходмæ Нузалæй слыгъд Дзугко. Уымæн уыдис авд фырты: Созо, Гази, Тъæрой, Кæрæджи, Сугар, Гага æмæ Бæбæтт. Дзугкойтæ цардысты Ходы хъæуæн йæ хуссар-скæсæнæрдыгæй хицæн сыхæй. Дзугкойтæн уыдис мыггаджы мæсыг, йæ бæрзæнд уыд 15 метры.

Ходмæ Дзугкойты фæстæ æртыккаг æрбалыгъд Едзи Тъæрæсоны фырт.

Едзи райгуырд 1683 азы Куырттаты комы Лæцы хъæуы. Едзийæн уыдис æртæ æфсымæры: Хабæ 1680 азы гуырд, Едзо 1686 азы гуырд æмæ Дула 1689 азы гуырд.

Лæцы хъæуы сын уыдис дыууæуæладзыгон хæдзар, цардысты хъæуæн йæ хуссар-ныгуылæнæрдыгæй. Сæ фыд Тъæрæсон куы амард, уæд уымæй гыццыл фæстæдæр цыдæр хъаугъайы аххосæй æфсымæртæ Лæцæй ралыгъдысты.

Едзийы æфсымæртæ Хабæ æмæ Едзо Дæргъæвсы æрцардысты æмæ сæ нæмттæм гæсгæ сæ мыггæгтæ Хабæтæ æмæ Едзойтæй фыссын райдыдтой.

Сæ кæстæр æфсымæр Дула йæ фыдымадимæ Лæцы баззад, 10 азы йеддæмæ йыл нæ цыд, афтæмæй. Лæцы цæргæйæ, Дулайы байзæддæгтæ Дулаты мыггаг баисты.

Едзи та ралыгъд Стыр Мызурмæ æмæ Сохиты Æрæфы хæдзары æрцард хъаны хуызы.

Сохитæм Едзи фæцард дыууæ азы дæргъы. Едзийыл 26 азы куы сæххæст, уæд 1709 азы ракуырдта Хъайтыхъы чызг Тамарæйы.

Уыцы хъуыддаджы йын, æхцайæ зæгъай, æндæрæй, стыр æххуыс бакодтой Сохитæ.

Уæдæй фæстæмæ Едзи Ходы хъæуы цæрын райдыдта Тамарæимæ.

Едзи æмæ Тамарæйæн райгуырдис æртæ сывæллоны: Сæмæраз, Аиппмæрза æмæ Хура. Уыдис сын Ходы хъæуы астæу æртæуæладзыгон хæдзар. Сарæзтой йæ Хъайтыхъы мæсыджы раз.

Афтæ, Тъæрæсоны байзæддæгтæй рацыд цыппар мыггаджы: Едзитæ, Едзойтæ, Хабæтæ æмæ Дулатæ. Æмæ абоны онг дæр Тъæрæсоны байзæддæгтæ рох нæ кæнынц сæ хæстæгдзинад.

Фæстæдæр Едзиты Дзаттейы фырт Атахъул 1828 азы Дыгургоммæ ралыгъд æмæ æрцард Гæлиаты. Уыдис ын цыппар фырты: Бадзихъо, Мырзабег, Темырыхъо (уыдон сæ мыггаг фыстой Едзетæй, дыгурон æвзаджы æвæрдмæ гæсгæ). Цыппæрæм æфсымæры ном бæрæг нæу, фæлæ уый та алыгъд Цæцæнмæ, æрцард Шалийы æмæ йæ мыггаг фыста Езиев, зæгъгæ.

Хъайтыхъ, Дзугко æмæ Едзийы фæстæ Ходмæ Дыгурæй æрбалыгъд цæрынмæ Гате, йæ байзæддæгтæ сæ мыггаг фыстой Гатетæ. Цардысты Ходы хъæуæн йæ хуссар-ныгуылæнæрдыгæй.

Саухал уыдис фæндзæм, Ходмæ чи æрбалыгъд, уыдонæй. Æрбалыгъд Стыр Кæсæгæй. Уый дæр фæтуджджын Кæсæджы Шакманты мыггагимæ æмæ, йæ цæрæнбынат ныууадзгæйæ, Ходы æрцард. Афтæ уыдон дæр Саухалтæ систы. Саухалæн йæ иу фырт Едзайæн дæр йæ номмæ гæсгæ йæ байзæддæгтæ сæхи фыссын райдыдтой Саухалтæй нæ, фæлæ Едзатæй. Фæлæ уæддæр се ‘фсымæрдзинад Саухалтимæ нæ рох кæнынц.

Саухалты фæстæ, æхсæзæм, Ходмæ Дагомæй æрбалыгъдысты Джерджитæ æмæ сæхи фыссынц Гергитæй. Гергитæ ‘рвадиуæг кæнынц Адырхатæ æмæ Катаутимæ.

Æппынфæстаг, Ходмæ æрбалыгъысты Созайтæ. Цардысты хъæуы астæу скæсæнæрдыгæй.

Æмæ ныр куыд уынæм Едзиты Уыгъалыхъы фыстæгæй, афтæмæй Ходы цардысты аст бындурон мыггаджы: Хъайтыхътæ, Дзугкойтæ, Едзитæ, Гатетæ, Саухалтæ, Едзатæ, Гергитæ æмæ Созайтæ. Хохы Ходы хъæу Уæлладжыры хъæуты ‘хсæн се ‘ппæтæй стырдæр уыд. 1851 азы 43 æнæуæрст хæдзары бинонты нымæц уыди 526 адæймаджы. 1902 азы — 965 адæймаджы. 1962 азы Ходы хъæуы уыди 25 хæдзары, цæрджыты нымæц та — 125 адæймаджы.

Рæстæг куыд цыд, æмæ цард куыд ивта, уымæ гæсгæ алы рæстæджыты Ходы хъæуы цæрджытæ дæр сæ цæрæн бынæттæ раивтой æндæр рæттæм æмæ æрцардысты, сæ иутæ — Зæронд Бæтæхъойыхъæуы (1848 азы), Елхоты (1849 азы), Æрыдоны (1854 азы), иннæтæ та — Чырыстонхъæуы (ныртæккæйы Дигорайы) (1864 азы), Къора-Урсдоны æмæ Хъарман-Сындзыхъæуы (1902-1910 азты), Сырх Ходы та — 1928 азы.

Ходы Тамерлан
(«Рæстдзинад»-ы архивæй)
Къамтæ систа
Алинæ Акоефф

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск