skip to Main Content

«Дӕхӕдӕг ӕххормагӕй баззай, фӕлӕ бӕхтӕн хӕринаг ратт»

Ахудут та иу гыццыл, уæхи аирхæфсут. Ацы худæджы цау мын радзырдта Таджикистаны 54 азы размæ иу таджикаг зæронд лæг – ирон лæг æй цæй тыххæй фæнадта. Уыдис чайханщик.

Уæд иу хатт иу таджикаг кишлаккы (хъæуы) бацыдтæн чайханамæ иу цай бацымон, зæгъгæ. Чайханщиккæн салам раддон, уæдæ куыд вæййы, цай цымын. Ныр æй зыдта ирон кæй дæн уый, æмæ мæ фæрсы:

— Темырланг (таджикæгтæ мæ афтæ хуыдтой), Ардасенты Амырхан — акайы зоныс?

Ӕмæ зæгъын — зонын!
Амырхан цардис Курган-Тюбемæ хæстæг. Æз йæм иу арæх бауадтæн сæхимæ, стуры игæр уарзта, æмæ иу дзидзайы комбинатæй куы сцæй цыдтæн, уæд иу Амырханæн игæртæ баластон.
Амырхан уыдис уздан зæронд лæг, елхоттаг. Йæ цардæмбалы ном та уыдис Сонихан. Сæ дыууæ дæр таджикаг æмæ узбекаг æвзæгтыл сыгъдæг дзырдтой. Мæнмæ гæсгæ, Таджикистанмæ паддзахы заман афтыд. Амырхан хорз цардис уыцы заман уым, мулк йæм бирæ уыдис, бæхтæ дæр дардта.
1920 — 1930 азты уыдис арбакеш, Афганистанмæ алы хуызон товартæ ласта. Ахæм куыст кодта Амырхан.

Таджикаг зæронд лæг-чайханщик мын радзырдта уӕд ахӕм хабар: Æз, дам, мæгуыр цард кодтон, Амырхан та хъæздыг уыди, æмæ, дам, сфæнд кодтон Амырханæй бæхтæ ракурын мæ хæдзары куыстытæ акæнынмæ. Фæлæ йæм нæ уæндыдтӕн — йæ бакаст тызмæг уыдис Амырханæн. Мæхинымæр загътон, зӕгъгӕ, Амырхан Афганистанмæ куы ацæуа, уæд йæ цардæмбал Сониханæй бæхтæ ракурдзынæн — Сонихан хæларзæрдæ сылгоймаг уыдис.

Иу бон кæсын, æмæ Амырхан чырæ аласта, араст ис Афганистанмæ. Уый уыдис 1929 азы. Æз, дам, уайтагъд сæ дуармæ бацыдтæн, æмæ Сониханæн лæгъстæ кæнын байдыдтон, дыууæ бæхы мын ратт, мæ куыстытæ акæнон, зæгъгæ. Сонихан мын бæхтæ радта æмæ бафæдзæхста, цæмæй бæхтæ Амырханы æрцыдмæ фæстæмæ æрбакæнон.

Таджикаг лæг йӕ куыстытæ бакодта дыууæ къуыримæ, сфæнд кодта бæхтæ бакæнын сæ хæдзармæ, цалынмæ Амырхан не ‘рыздæхт Афганистанæй, уæдмæ.

Сбадтис бæхуæрдоны æмæ Амырханы хæдзары ‘рдæм араст. Куыддæр Амырхан-акайы хæдзары размæ æрбахæццæ, афтæ кæсы æмæ мæнæ Амырхан-ака лæууы. Афтæ рауад ӕмӕ Амырхан раздæр æрбацыд йе ‘мгъуыдæй. Амырханæн салам радта, уӕдӕ цы, уый йæм дзургæ дæр не скодта, фæлæ йæ кæртмæ бахызт, уайтагъд фæстæмæ фездӕхт йæ къухтæ фæстейы йæ чъылдыммæ ӕмӕ таджикагмӕ æрбауад. Йӕ къухы разынд ехс.

— Йæ, куыдзæй гуырд, куыдзæй гуырд! — Зæгъгæ, ехсæй саубыны над фæкодта лӕгӕн. — Дӕхӕдӕг ӕххормагӕй баззай, фӕлӕ бӕхтӕн хӕринаг ратт! Нӕ уыныс бӕхтӕн сӕ тӕнтӕ кӕй бахаудысты фыр ӕххормагӕй, уый?!

Цыбыр дзырдæй, Амырхан сау быны над фæкодта чайханщикы.
— Мæгуыр цард кодтон æмæ мæм æцæгæй дæр бæхты фаг холлаг нæ уыдис, æмæ æцæгæй дæр сæ тæнтæ бахаудысты. — Ахæм цау мын радзырдта зæронд таджикаг лæг.

Иу ахӕмы та Курган-Тюбейæ сцæй цыдтæн. Гъа-ма, зæгъын, Амырханмæ та бауайон.
Бацыдтæн цæм, бацин мыл кодтой, Сонихан нын фынг амбырд кодта. Бадæм, ныхас кæнæм. Иу заман æз Амырханæн афтæ зӕгъын:
— Цалдæр боны размæ иу таджикаг зæронд лæг мын радзырдта 1929 азы йӕ ехсæй куыд фæнадтай, уый.

Амырханæн йæ цæстытæ ферттывтой:
— Кæс ма уыцы æвзæрмæ, куыд ма йæ хъуыды кæны 1929 азæй нырмæ! Æмæ ма æгас у уыцы ницæййаг? Хорз бахъуыды кодта ирон лæг цы у, уый.
Æмæ худын байдыдта:
— Хуыцауыстæн афтæ уыдис. Кæсын — бæхтæн сæ тæнтæ бахаудысты фыр æххормагæй. Гъемæ йыл уый тыххæй ралæууыдтæн ехсæй нæмын.

Уæд Амырханы фæрсын байдыдтон:
— Амырхан, ныр 1920-1930 азты ацы ран басмачтæй ацæуæн куы нæ уыди иуырдæм дæр, уæд иу ды Афганистанмæ куыд уæндыдтæ цæуын?

Амырхан йæ мидбылты бахудт æмæ мын афтæ:

— Мæн басмачтæ хорз зыдтой. Уымæн æмæ уыдонæн сæ уæлдæр хицæуттæ, ИБРАГИМ-БЕК æмæ ЭНВЕР-ПАША ме ‘рдхæрдтæ уыдысты, стæй пысылмон нæ уыдтæн, семӕ сæн бирæ хатт фæнызтон. Басмачтæ зыдтой семæ хæлар кæй дæн, уый. Хæдæгай Энвер-паша туркаг инæлар уыдис.. Стæй мæ фæрстыл дыууæ “маузеры” ауыгъд, фондзæхстон топп дæр мæм уыди, хъыпп-сыпп дæр мæм никуы ничи скодта.

Ахæм хорз Елхоттаг, ирон зæронд лæджы зыдтон Астæуккаг Азийы 54 азы размæ.

Уӕ хӕрзтӕм бӕллӕг, Ходы Тамерлан

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск