skip to Main Content

Московскому конному театру «Каскадёр» присвоено имя Мухтарбека Кантемирова

5 октября московский конный театр «Каскадёр» открыл свой сезон постановкой, посвященной памяти Мухтарбека Кантемирова. Выбор представления был не случайный — театру присвоено имя выдающегося наездника.

 

Æхсызгон хъусынгæнинаг. Æппæт зæххы къорийыл хъуыстгонд, дзæнæты бадинаг Хъантемыраты Мухтарбег цы бæхты театр «Каскадёр» сарæзта уый æрбынат кодта йæ ног цæрæнбынаты Мæскуыйы æфсæддон-спортивон комплекс «Патриоты»  Ахæм уынаффæ рахаста Уæрæсейы Гæрзифтонг Тыхты Министрад. Æмæ ныр иудадзыг, æдзухдæр уыдзæн ам. Ничиуал æй феттæдуар кæндзæн. Æрæджы йæ куыд феттæдуар кодтой Мæскуыйы МЧСы академийы разамынд афтæ. Æмæ 5æм октябыры 2019 азы æфсæддон-спортивон комплекс «Патриоты» бæхты манежы уыдис стыр равдыст. Ацы аз сæххæст 30 азы Хъантемыраты Мухтарбеджы театр «Каскадёрыл» æмæ уый фæдыл «Патриоты бæхты манежы уыдис стыр равдыст. кæцымæ æрхуыдтой мах дæр Мæскуыйы ирон æхсæнады уæнгты. Бæхты театыры концерт байгом кода Хъантемыраты Мухтарбеджы хорз хæлар зындгонд Юлий Гусман. Уый йæ раныхасы хорз хъарм ныхæстæ ракодта Хъантемыраты Мухтарбеджы тыххæй Гусман киноныв дæр ма куы систа «Не бойся, я с тобой» зæгъгæ, кæцыйы сæйраг ролтæй иуы хъазыд Мухтарбег.

Уый фæстæ Хъантемыраты номæй раныхас кодта Хъантемыраты Олег. Нæ фæзивæг кодта ацы боны бæрæгбонмæ Канадæйæ æрбацæуын. 

Концерт уыдис дыууæ хайæ. Фыццаг хай уыдис арæзт Доны хъазахъы царды нывтæй. Райдыдта дыккаг хай æмæ дын мæнæ айзæлд ирон цагъд ирон бæхджынтæ манежмæ куы ратахтысты æмæ диссаджы митæ кæнын куы байдыдтой сæ бæхтыл уæд æрбацæуæг адæмæн сæ къухæмдзæдæн бауромæн нал уыдис. Æнæхъæн сахатæй фылдæр ирон бæхджынтæ сæ разамонæг ХАБÆТЫ ЦÆРАИМÆ диссаджы кæфтытæ фæкодтой. Концерт куы фæцис уæд мах Мæскуыйы ирон æхсæнады уæнгтæ Саулохты Умар æмæ æз Ходы Тамерлан стыр арфæтæ ракодтам Уæрæсейы Гæрзифтонг Тыхты разамындæн,Мухтарбеджы номыл театыры Генералон директор Клименко Анатолийæн, Хъантемыраты Олегæн æмæ ирон бæхджынты къордæн сæ рухстауæн куыты фæдыл.

Мухтарбеджы театыры разамынд ирон фынг дæр ма æрцæттæ кодтой, кæцыйы нæ хистæртæ Стыр Хуыцаумæ скуывтой,цæмæй Ирыстоны кад, Хъантемыраты кад куыд никуы бамынæг уа. Ахæм циндзинады хабар æрцыдис Мæскуыйы. Стæй ма нын Мухтарбеджы номыл театыры разамынд фехъусын кодтой уый æмæ кæй сфæнд кодтой бæхты манежы раз стыр цырт скæнын Хъантемыраты Мухтарбегæн.

 

Ходты Тамерлан

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск