skip to Main Content

Фарн уæм бадзурæд, нæ зынаргъ æмзæххонтæ!

Ралæууыд та Ног аз æмæ ног хæрзтæ æмæ ног амæндтæ хæссæг фæуæд æппæт адæмтæн, нæ чысыл райгуырæн бæстæ Ирыстонæн.

Нæ зæрдæ уын зæгы, цæмæй æппæты фыццаг æнæниз уат, æнæхъиамæтæй, хъæлдзæгæй уæ царды бонтæ æрвитат. Нæ кæстæр фæсивæд цы фæндагыл лæуд сты, ууыл æнтыстджынæй размæ цæуæд.

Ног аз хъæздыг разынæд чындзæхсæвтæй, ноггуырдтæн куывдтæй.

Нæ уарзон æрыгон фæсивæд, бæрнонæй æмæ зæрдиагæй архайут, цæмæй ирон адæмы нымæц фылдæр кæна, ма йæ æруадзут æдзæллаг уавæрмæ. Ирон адæм фыдæй-фыртмæ дзырддзæугæ цы æгъдæуттæй уыдысты, уыдоныл иузæрдион ут. Мах та уын æххуыс кæндзыстæм, нæ сæр уæ кæм бахъæуа, уым.

Афтæмæй нæ Ног азы хорзæх уæд не’ппæты дæр. Дунескæнæг нын Ног азы бæркадæй рæдау лæвæрттæ бахай кæнæд.

 

Ирон æхсæнады Уынаффæйы кадджын сæрдар
Медицинон наукæты Академийы Академик Берозты Темырболат

Хистæр фæлтæрты Уынаффæйы сæрдар
Медицинон наукæты Профессор Торчынты Амырхан

Уынаффæйы сæрдар Къаболаты Валери

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск