skip to Main Content

Бæрæгбон ирон хæдзары

Уастырджийы рухс бонтæ кæронмæ æрхæццæ сты. Ирон адæм уæлдай зæрдиагдæрæй куывтой, уæлдай бæркадджындæр уыдысты фынгтæ, уæлдай æхсызгондæрæй æмбæлыдысты уазджытыл алы хæдзары дæр. Фæстейы нæ баззадысты мæскуыйаг ирæттæ дæр: сæ иумæйаг хæдзары æрбамбырд сты бæрæгбоны фæдыл, æрбахуыдтой буц уазджыты æмæ сæ хойрагæй Хуыцау æмæ йæ минæвар Уыстырджийы ном ссардтой. Бафæдзæхстой сыл сæхи, сæ уазджыты, алы бæлццон æмæ алкæйы кæстæрты дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ мæскуыйы цы ирон хæдзар ис, уый æнæ уазæг никуы вæййы – алы бæрæгбон, алы хуымæтæг хабары фæдыл ардæм зæрдиагæй æрбахизынц нæ алыварс цæрæг сыхæгтæ: уырыссæгтæ, абхазæгтæ, кæсгæттæ, дагестайнæгтæ, цæцæйнæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзыйæгтæ, мæхъæлæттæ æмæ æппæт адæмтæ дæр. Ирон фынджы `гъдауыл ахуыр сты, сæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр цæуы алкæмæн дзы йæхи бынат кæй ис – хистæрæн, фысымæн, уазæгæн, сылгоймагæн, кæстæртæн. Ныр дæр та сын нуазæнимæ ныхасы бар куы радтой, уæд зæрдиагæй раарфæ кодтой ирон адæмæн, цы зæдтæ æмæ дауджытæм кувут, уыдоны хорзæх уæ уæд, зæгъгæ.

Иннæ азтимæ абаргæйæ кæд ацы хатт бæрæгбон конд не рцыд стыр галуаны, уазджыты нымæц дæр тынг бирæ нæ уыд, уæддæр ссардтой се `ппæты ном дæр. Лæгты Дзуары хорзæх уæ алкæй дæр уæд. Уæ куывтытæ уын йемæ айсæт, йæ арфæтæ та уыл дзæбæхæй æрцæуæнт.

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск