skip to Main Content

Сæлимæт. (Ныффыста Плиты Харитон (1908-1966))

В поэме «Сæлимæт» автор Харитон (Хадо) Плиев изобразил подлинные события — чудовищные злодеяния грузинских меньшевиков в 1920 г. в Южной Осетии и героическую борьбу Южной Осетии за свою государственность.

Начиная с 17 июня 1920 года, грузинские войска огнем и мечом прошли по всей Южной Осетии. Практически все села Южной Осетии были сожжены и разорены, массы осетинского населения, в основном женщины, дети, старики подверглись резне.

Сæлимæт, бежавшую вместе со всеми от меньшевиков, ночью похитили разбойники. Смелая горянка убила похитителя его же кинжалом и ускакала на его коне от других разбойников. Но под ней замертво падает конь. Сæлимæт, убедившись в невозможности спастись, бросается в бурную реку и погибает в ее волнах.

Бороться за честь и свободу до последнего дыхания — главная идея поэмы «Сæлимæт».

Сейчас исполняется 91 лет с момента той страшной резни.

Текст поэмы специально для сайта iriston.ru оцифровал Деметы Къоста.

 

Ресы хох – хæхтæй бæрзонддæр,
Дардыл ныззылди уæрæх.
Диссаг куыннæ у йæ конд дæр!
Иууыл – цъæх айнæг къæдзæх.

Цъуппытæй цъититæ ‘рттивынц
Хуры хæрдгæ тынтæм дард;
Дагъты ‘мæ тигътыл фæхизы
Тæппуд сычъитæй дзæвгар.

Мигътæ йæ сæрмæ лæгæрдынц,
Рындзмæ æдзухдæр сæ сидт;
Зымтæ уæлвонгæй фæлгæсынц.
Хъуысы сæ цъæхснаг къуыззитт.

Й’ алыварс цæргæстæ зилынц,
Уæлдæфы саразынц хъазт.
Уады сыф-сыфæй нæ чиуынц,
Уыдон кæм не сты ныфсхаст!

Арауы урсбарц æхсæрдзæн,
Футгæнгæ схъиуы зыдæй,
Бакæлы фæхстæм æнхъæвзæн,
Ризы цæуылдæр мæстæй.

Ресæн йæ бынты фынк калгæ
Абухы Санаты дон.
Уайы къæдз-мæдзы фæйлаугæ,
Нал ис йæ ниудæн кæрон.

Дурты мæсты цæф ныккæны,
Къæдзæхтыл хойы йæ сæр;
Былтæм йæ уылæнтæ скæлынц,
Азæлы кæмтты йæ хъæр.

 

Ракæс-ма, Ресы хох, ракæс!
Адæмæй байдзаг дæ раз!
Хуссары лигъдæтты сагъæс
Цас у уæззау бонты, цас!

Се ‘ргъæмттæй с’ астæутæ тасынц,
Хатгай фæвæййынц хуыдыг.
Хæрдты лæгуæрдæттæ ласынц,
Гом къæхтæн хъары сæ туг.

Дзидзидай сабитæн хуыртыл
Хъуысы сæ цъæхахст, кæуын;
Тухынц сæ, тухынц бызгъуырты
Мадæлтæ хохы рæбын.

Куыйтæ фæлыгъдысты хъæдмæ,
Ниуынц, кæм уæндынц хæстæг!
Фосы тæригъæддаг хъæрмæ
Никæйуал ахсы хуыссæг.

Сидзæрæй æмæ гæмæхæй
Тхъиауы быдыр лæууы.
Англисаг бæхтæн, хæргæфстæн
Се ‘хситт, сæ мыр-мыр цæуы.

Бацахстой дардыл уым фæзтæ,
Кæрдæг æд уидаг хæрынц:
Бахсыдтой бæлæсты зæнгтæ,-
Бæлæстæ урсæй лæууынц.

Бурбын цинелджын æфсæдтæ
Хъомпал дыууæрдæм кæнынц,
Акъоптæм ласынц сæ гæрзтæ,
Уæлбылыл бацахстой рындз,

Хуссармæ сармадзан дары
Стонгæй мæлæгау йæ дзых.
Алчи йæ бынат ыссары,
Алчи дзы хъары йæ тых.

Арвæй куы ‘рхауид æхсидав,-
Зæхмæ нæ кæнид хæццæ.
Быдыр уыд фарон зæритау ,
Туджы кæндзæн ныр мæцгæ.

Туджы бон бацыд йæ рады,
Жгъентъи уым дауы йæ кард.
Удхор Квинтадзе дæр бады;
Ратты йæ кæстæртæн бар:

– Сызмæлæд Хуссар Ирыстон,
Слæууыд нæ ныхмæ уæндон,
Хъуамæ æрцæуа гæныстон,
Байсæфа хъуамæ бынтон!

Ссæндынц нæ иутæ Абхазмæ,
Сомихмæ райстам нæ кард,
Хъуамæ æрцæуой нæ разæй
Ацы большевиктæ тард!

Не ‘хсар, нæ ныфс куы у Англис,
Дунетыл уый кой нæры.
Уый нæм æххуысмæ æртахтис,
Наутæ фæд-фæдыл тæры.

Махæн хæцæнгæрзтæ радта,
Дарæс, бæхтæ æмæ хæлц…
Черчилль Жорданийæн загъта:
«Не ‘рдхорд Кавказыл нын хæц!»

Басгуыхт Джугъели æвирхъау,
Бафтыдта хъæутыл цъæх арт.
Сау фæздæг мигъы къуымбилау
Фæзтыл тъыфылгай æрбадт.

Пиллонæй хъæутæ куы судзынц,
Хъæуты куы ныхъуыры зынг.
Хус хъæдын хæдзæрттæ цудынц,
Авæййынц уайтагъд фæнык.

Афтæ ма басыгъта Римы
Раджы мæйдары Нерон ,
Зæрдæ ныррухс и йæ риуы,
Нал уыд йæ цинæн кæрон.

Чъребайæ райдыдтой згъалын
Хъорнисыл знæгтæ нæмыг.
Сармадзан богъгæнгæ скалы
Мæсгуытæн арвмæ сæ рыг.

Тилы Джугъели æвзист кард,
Скафы йæ быны йæ бæх;
Размæ та абырста йе ‘фсад,
Ссæндынц æфсирæфтыд зæхх.

Стонг куыйтау балгай лæбурынц,
Фæлæ та додой — сæ сæр;
Иу нæмыг иннæйы суры,
Уæлдæфы скæнынц къæр-къæр.

– Лидзгæут, хорз адæм, лидзгæ! –
Хъусы фæдисоны хъæр, –
– Знаг нæм ыссæнды æвзидгæ,
Æмæ ныл тауы цæхæр!

Тарст дзыллæ хъæууынгты згъорынц,
Нал сын ис абон æнцой.
Устытæ дзыккутæ тонынц,
Знаг сæ фæкодта сæргой.

Дзидзидай сабиты скъæфынц,
Тоны фырмæстæй сæ маст.
Дзидзидай сабитæ скæнынц
Мадæлтæн се ‘ккой цъæхахст.

Знон та тæмæнкалгæ арвыл
Калдта йæ цæхæртæ хур.
Хус зæхх куы сыгъди цъæх арты,
Скъуыди йæ астæуыл дур.

Абон ныр арв дæр ныттар и,
Хойы тæрккъæвдайæ зæхх;
Лæсæнтæй базмæлын нал и,
Авæййынц къултæ гæмæх.

Буарыл къæвдадон лæдæрсы…
Къæвда куы фæци фыддæр.
Доны хъæр кæмтты фæхæссы
Адæмы, фосы уынæр.

Мæнæ сын Пацъа нæ дæтты
Размæ æдæрсгæ фæндаг.
Къаннæг хид донæн йæ сæрты…
Чи у æдæргъом уæндаг!

Нарæг къæйджын комæй ниугæ,
Лакъонæй Пъаца бырсы,
Й’ алыварс дæвдæг къултæ уигъгæ
Стонгау зыдгæнгæ хæссы.

Змæст доны уылæн æррайау
Схъиуы фæдисонæй тагъд;
Айнæгыл сымбæлы фатау,
Размæ гуылфгæнгæ – йæ тахт.

Афтæ ма дымгæ æмбухы
Уад-хъазты рæгъты сæртæй,
Афтæ йæхи ма нынтъухы
Уæтæрмæ бирæгъ зыдæй.

Къамбецтæн, галтæн сæ рæгътæ
Хуыссæнтæй, чырынтæй – дзаг.
Дон сæ фæлдахы æд уæргътæ,
Дон сын нæ дæтты фæндаг.
Лигъдæттæ хидыл хæлæфæй
Сонтæй тыгуыртæй бырсынц.
Адæмæй, фосæй, фæлæйттæй
Ивылд Пацъамæ кæлынц.

Леуахимæ сæ нылласы,
Дуртыл сæ сæууæрды ‘васт.
Къæдзæхты тигътæм сæ ‘лвасы
Карздæрæй-карздæр йæ маст.

Уанел къаннæг хъæу у, райдзаст.
Й’ алыварс — тæрс æмæ наз;
Джермугъæй хуры тын бакаст,
Хъазæн фæлмæн фæз – йæ раз.

Хъæуæн йæ астæуты знæтæй
Комы дон ирдæй тæхы.
Зары йæ уынгæг хъæлæсæй,
Бур хъуына дурты æхсы.

Лигъдæттæй фæсвæндаг иу ус
Бастади, нал у йæ бон:
Рарынчын æмæ ныффæлурс,
Ахуыппæн агуры дон.

Дурыл, мæгуырæг, æрбадти,
Уæрджытæ дзой-дзой кæнынц.
Цæсгомæй сур хид æртагъди,
Цæнгтæ дыдæгътæй лæууынц.

Чи йæм фæкæса йæ тыхсты?
Чи ма йыл кæна, чи, мæт? –
Кæд æмæ алкæцæй хъуысы
Адæмы богъ-богъ, æппæт.

Йе ‘нахъом уарзон хъæбултæн
Цæстытæ сзылдта фæлмæн:
– Ма кæут, м’ ахсджиаг хуртæ,
Нæй уын, мæ къона, гæнæн!

Цæйут, уæхи цæрдæг айсут! —
Фидар фæлæуут зынтæн! —
Ам уал мæ иунæгæй уадзут,
Знаг кæд нæ амарид мæн.

Сидзæр дыууæ æфсымæры
Мадæн хæрзбон уæд зæгъынц:
Уымæ фæкæс-фæкæсгæнгæ
‘Нæбары ‘нкъардæй цæуынц.

***
Фæзы æрбаййæфтой усы
Гауыр Джугъелийы ‘фсад.
Кæрдтæ æлвæстæй сæ къухты…
Нал лæууынц бæхтæ æнцад…

Схъазыд æфсæддон йæ бæхыл,
Усæн ныххафта йæ сæр;
Туг калгæ атылди зæххыл,
Нал сирвæзт дзыхæй уынæр.

Мæнæ ма Царциаты диссаг!
Не знаг куыд æвзары тых!
Раджы рæстæджы Чингис-хан
Иры куы ныккодта пырх,
Усы уæд ничи ныццавта;
Уый сæм-иу худинаг каст.
Абон Жордани ныккалдта
Сидзæргæс усыл йæ маст!
Чи баззад хъæуты æнæлыгъд,
Ахæмты æфсад цæгъдынц. Зæрæдтæ, сабитæ ‘нæ хыгъд,
Дойны ‘мæ стонгæй мæлынц.

***

Чи уыд æххуысгæнæг знагæн?
Чи йæм-иу хаста æвзаг?
Уымæн йæ тохы хъуыддагæн
Амонæг чи уыд фæндаг?
Ахæм, æлдары фæллойæ
Чи уыд цæрæнбонты ‘фсæст.
Ахæм, мæгуыр лæджы койæ
Рагæй кæмæн тад йæ цæст.
Ресы бын судзы цырынæй
Фугæйы къалиутæй арт.
Бадынц йæ фарсмæ тыгуыртæй
Лигъдæттæ бирæйæ ‘нкъард.
Иу дзы йæ кæрцыл æрхуыссыд.
Дуртæ йæ нывæрзæн – конд.
Иннæ йæ тухитæ мысы.
Адзæгъæл дардыл йæ зонд.
Цъититæй ирдгæ æрсимы,
Арт дæр та суадзы фæздæг,
Лигъдæттæн аджы æхсиды
Хъоло , цæхæра, хуырхæг.

Мигъы къæм арвыл нæ зыны,
Стъалытæ калынц цæхæр;
Бонвæрнон симгæ фæтырны,
Азæлы донæн йæ хъæр.

Цалхыдзаг уайсадгæ тулы
Арвæн йæ астæуты мæй.
Сæрттывтой фæзтæ ‘мæ къултæ
Мæйæн йæ зæлдаг тынтæй.

Арты раз рустæм лæбуры
Иу ус…Йæ хъарæг цæуы
Дзыкку бындзыггай рæдувы,
Уæрджытæ ‘нæвгъау цæвы.

Фехста йын меньшевик-тугдзых
Тохы йæ иунæг фырты.
Цæнгтæ йæ фæрстыл æртухы,
Зæххыл дæлгæмттæ кæны:

— Ме ‘хсар, мæ хъæбул, мæ уарзон,
Кодтай сæрибарыл тох.
Де ‘мгæрттæй ацух дæ абон,
Никуы мæ уыдзынæ рох.

Рухсаг – мæ царды ныфсдæттæг,
Ме ‘рттиваг стъалы Дзæрæх!
Знаг дæ фæкодта фыдвæззæг,
Баззад дзæгъæлæй дæ бæх.

Цæй-ма куыд ма кæнон хъарæг! —
Астæй цы кæндзыстæм ныр?
Чи ма уыдзæн нæ дарæг?
Мастæй мæ зæрдæ – тыппыр.

Баци хæлæттаг нæ фæллой,
Иу дæр нæ нал у сæрæн.
Уастæн сæ туджы фæмæцой,
Чи нæ ныкодта дæрæн!

Айсæнт нæ судзгæ тæригъæд,
Бабын уæд уайтагъд сæ сæр,
Махæй дзæгъæлæй фæниуæнт,
Амæй мæлæт у хуыздæр.

Бинонтæн нал и хæринаг,
Хъоло, гæнгæлы — сæ хæрд, —
Фестæм цæрдудæй кæуинаг:
Хур бон, къæвда бон — æфхæрд.

Мæнæ Сæлимæт — дæ хойæн —
Зæрдæ йæ риуы ныддур,
Батар ыл дуне æмбойны,
Ууыл æрныгуылд йæ хур.

Басабыр æрдз дæр, ныхъхъус и.
Адæм фæлладæй хуыссынц.
‘Хсæрдзæн йæ уылæнтæ узы,
Гобийæ хæхтæ хъæрзынц.

Мад та йæ хъæбулты фондзæй
Батухы нымæты хъарм:
Тарф фынæй баисты стонгæй
Йе ‘нахъом сабитæ ам.

Фыд дæр æрхуыссыд йæ кæрцыл, —
Базæронд, нал у йæ бон,
Царди йæ лæппуйы фæрцы, —
Асаст йæ хъару бынтон.

Бады æнкъардæй Сæлимæт,
Нал хæцы цæстыл хуыссæг.
Йе ‘гъдау æмæ йын йæ сурæт
Никуы ныффысдзæн фыссæг.

Цæстытæ доны ызмæлынц,
Стъалытау ферттивынц раст.
Дзыккутæ зæххыл ныдзæвынц,
Аив хæрдгæбыдæй баст.

Сатæгсау — йе ‘рдын æрфгуытæ.
Хуссайраг калмау зыныц.
Денджызы хъазау – йæ хъуыртæ,
Риутæ къуыбыртæй лæууынц.

Даргъ нарæг астæу, гуырвидауц,
Сауцæст, сырхуадул йæ уынд;
Разынынц дæндæгтæ митау, —
Ахæм рæсугъд ма кæм уыд!

Тасаг бæрз уисау — йæ астæу…
Судзин, хæсгард уæд, æрцындз
Сонтæй нырмæ йын — хæзнайау,
Афтæ сæ бауарзы чындз.

Цагъта-иу хъазты фæндырæй,
Симды та — денджызы хъаз.
Уымæ-иу хохæй, быдырæй
Курджытæ цас уыди, цас!

Чи-иу йæ сау бæхыл хъазыд
Кадджын Сæлимæты цур.
Чызг-иу кæд худгæ нæ разынд,
Гъе уæд-иу зæрдæ ныддур.

Чи та цæстмæ митæй хъазты
Хъаматыл кафыд цæрдæг.
Чызг-иу нæ баззади састы:
Йе уæнгты айст уыд бæрæг.

Иуæн дæр разы нæ кодта,
Никæмæн бавæрдта ныфс.
Зæрдæ Махарбеджы домдта,
Цæстытыл уади йæ хуыз.

Знæгтæ куы бырстой сæттынмæ,
Арты Ирыстон куы сыгъд,
Гъе уæд Сæлимæт хæцынмæ
Сахъ партизантимæ цыд.

Уый-иу цæф хæстонты баста,
Кодта сын хойау лæггад.
Дон уæд, хæринаг сын хаста,
Се ‘хсæн уыд кадджын, нымад.

Йе ‘ккой-иу талынг æхсæвты
Баппæрста гилдзыты баст,
Уайтагъд-иу пыхсыты, хъæдты
Уæрджытыл быргæ фæраст.

Дардмæ хъæбатыр Дзæрæхы
Хохбæсты адæм зыдтой;
Уый уыд æнæдомд къæдзæхау
Иуыл æй раст лæг хуыдтой.

Диссаджы кусаг, сабырзонд, —
Алчи йæм кодта хæлæг:
Арæхстджын, фидар уæнгты конд, —
Йе ‘мгæрттæй дардта бæрæг.

Аст удæн уый уыд сæ дарæг.
Чызджыты зæрдæ сыгъта.
Дугъты уыд диссаджы барæг:
Скъæргæ хæснæгты уыгъта.

Сгуыхт партизанæй уый разынд,
Бацыд æй дзыллæйы мæт,
Хинæй-иу знагыл разылд,
Агуырдта уымæн йæ фæд.

Хъатара йе ‘фцæгыл ауыгъд,
Иннæ та – астæуыл баст.
Знаг дзы фыр тæссæй-иу алыгъд,
Знагæй-иу райста йæ маст.

Арф лæгæт уымæн – йæ фидар,
Сыфтæр, хъуына та – йæ уат.
Й’ адæмæн домдта сæрибар,
Дардыл нæрыди йæ кад.

Уалынмæ талынг æхсæвы
Знагыл хæрхæмбæлд фæци.
Уый ма йæ арцæй ныццæвы,
Фæлæ фæуæгъды йæ цин;

Тугдзых æм дамбаца сласта,
Азæлыд хæхтыл гæрах.
Уайтагъд æй сау мæлæт айста,
Айнæджы цæссыг æртагъд.

Сармадзан кæмтты ныннæры,
Хæхтæ нырризынц, кæлынц;
Пулемет стонг ниуд ныккæны;
Нæмгуытæ згъæлынц, тæхынц.

Кæмттæм бæзджын фæздæг бахызт, —
Ресмæ фæхæссы фыдуац:
Знагæн йæ кæрды цъыкк айхъуыст, —
Самæсти тугæй йæ арц.

Фидæрттæм бабырста тугдзых
Æмæ дзы бацыди ныфс.
Уым дæр зыд бирæгъау смуды,
Райдыдта хинæй йæ куыст.

Фæлæ Махарбег нæ тарсти,
Хаста уæндонæй йæ ных,
Хæсты цæхæрмæ фæраст и,
Знагмæ лæууыди хъæддых.

Басгуыхти номы хъæбатыр,
Дардыл-иу хъуысти йæ дзырд,
Бæстæйы цыт æмæ кадыл
Уымæн йæ домбай тох уыд.

Уалынмæ фидар риу андзыг,
Хæлæн нæмыгæй ныппырх.
Мæйрухс. Нæма ‘рхъуызыд талынг.
Хæцæнуат тугæй ныссырх.

Фæндыр æрбайсы Сæлимæт,
Хъарæджы цагъд дзы кæны.
Тынг æй нылхъивы йæ риумæ.
Цæссыг фæрдыгæй кæлы.

Уайынц йæ цæстытыл, уайынц
Уарзон Махарбег, Дзæрæх…
Бæлæстæ уый ниудмæ ‘ртасынц,
Базмæлы айнæг къæдзæх:

«Афонмæ дзугтæй уæ сæрмæ
Сынтытæ зилдух кæнынц,
Йе та уæм мæйдары хъæдæй
Смудгæйæ сырдтæ цæуынц.

Бонвæрнон, стъалыты ивæг,
Чи зоны, федтай сæ ды.
Радзур-ма, ма фæкæн зивæг,
Туджы кæцы ран мæцынц?

Арвæн йæ уæрæхтыл тулæг,
Цалхыдзаг, ленкгæнæг мæй!
Ахсæв дæуæй дæн æз курæг,
Фехъус мæ бæллицтæ, цæй!

Афæлгæс туджы ‘вдылд зæхмæ.
Ме стыр салам мын фæхæсс
Уарзон Махарбег, Дзæрæхмæ, —
Бафыстой тохы сæ хæс.

Аскъуыйай, атъæпп уай, айнæг!
Цæй-ма, цæуыл у дæ маст!
Тайын дæ разы ‘мæ руайын,
Дзурын дæуæн дæр мæ хъаст.

Урсдзыкку уазал æхсæрдзæн,
Калыс мæнау ды цæссыг,
Гъе ныр Сæлимæт куыд цæрдзæн:
Ракалд мæ царды мæсыг!”

Уайы Æррадон дæр сонтау,
Къæйты фæкæны дæлдон.
Иуварс йæ сæрмæ, фæсобау
Дурцæнд фæцыди бæрзонд.

Бадынц уым стигъджыты балтæ:
Ам сын æдас ран, бынат.
Сты ма сæхимæ сæ бартæ.
Ам дæр куы кæнынц сæрфат.

Мæнæ сæ фарсмæ сæ бæхтæ –
Идæттæй бæлæстæм баст.
Ауыгъд сæ кæсгон нымæттæ,
Хотыхтæй йедзаг – сæ раз.

Лигъдæтты бастыгътой дысон,
Ардæм æртардтой рæгъау.
Аргæвстой галтæ, нæл фыстæ,
Стонгæй – мæлæтдзаг сырдтау.

 

Судзы та пиллон арт хъæды.
Физонæг уæхстыл фыцынц:
Нард фыдæй с’ алчи æфсæды,
Нард фыдæй минас кæнынц.

Урсгвардионтæн лæггæдтæ
Кодтой фæсаууонмæ фаг.
Амыдтой знаджы æфсæдтæн
Сырх партизантæн фæндаг.

Уыдон уыдысты уæйгæнæг,
Жгъентимæ хастой ныхас.
Хуссар сæ митæй ныддæвдæг,
Скъуыди сæм адæмы маст.

Абон та – лигъдæтты стигъæг.
Иунæг цæуæг сын нæ зад.
Хуссарæй чи уыди лидзæг,
Уыдон нæ уагътой æнцад.

Бадынц гæрзифтонгæй хъæды,
Хистæр сæм дзуры: «Цæуæм!
Абон цæмæ бадæм уæгъды,
Исты та самал кæнæм!

Ресы бын адæм куы джиуынц…
Федтон Сæлимæты уым,
Мæйау йæ цæсгом æрттивы,
Дидинæг – уымæн йæ уынд.

Цæй-ма, Тасолтан, цы зæгъыс?!
Ахсæв нын уырдæм – фæндаг.
Уыцы бæллоны куы ‘рхæссæм, –
Кафдзæн дæ зæрдæ хæрзаг!

Хъомыл æфсымæр ын нал ис,
Урсзачъе лæг та йæ фыд.
Раскъæфиккам йæ, уæд уаис
Уарзондзинадæй рæвдыд.

Уый дыл-иу авæрдта фаутæ,
Уый дæ нæ хаста сæрмæ,
Никуы дæм ракасти уатæй,
Гъе ныр йæ рохтæ дæумæ!»

Барджытæ мæйрухсы уайынц,
Цæст сæ æвзары дзæбæх;
Цæфхæдтæ стъæлфынтæ скалынц,
Ризы сæ къæхты бын зæхх.

Саурæзт сæргътæ – сæ бæхыл,
Æхтæнгтæ – фидар æлвæст,
Гилдзытæ ауыгъд сæ рæгътыл,
Хъама ‘мæ топпæй – æххæст.

Разæй Тасолтан йæ бæхыл,
Гопмæ æртасыд йæ гуыр;
Сатæгсау цармæй худ – сæрыл.
Размæ ивазы йæ хъуыр.

Бæхæн нысхъæл и йæ бæрзæй –
Барæджы риугæрон – сæр,
Комы тæф схъиуы къуыбæрттæй,
Азæлы цæфхæдты хъæр.

Хъилæй йæ даргъ къæдзил дары,
Уæнгтæ – хæрзконд æмæ ‘лваст;
Размæ йæ быцъынæг хъары;
Уайы, кæм æй ахсы цæст!

Тоны йæ рохтæ йæ тыхæй,
Къæбæлтæ ‘ууилы, хæры.
Хъуысы сæ зæлланг йæ дзыхæй,
Уарийау комы тæхы.

Афтæ ма бассæнды знагæн
Знæтæй йæ ныхмæ хæстон.
Ахуыр у ахæмтыл рагæй.
Тар æхсæв уымæн – йæ бон.

Чызгмæ æргæпп кодтой бæхтæй,
Анæрыд топпы гæрах…
Бинонтæ фесхъиудтой зæххæй,
Нал сæ уыд туджы æртах.

Арфæй ныккæрзыд Сæлимæт,
Афтæ уынæргъы сæгуыт.
Базыдта йе сæфт, йæ хъысмæт,
Кардмæ ма февнæлдта цырд.

Цикъæйау цæсгом ныффæлурс,
Адæргæй сонтау фæтыхст.
Февзæрыд мад дæр йæ уæлхъус,
Аджих, гæдыхъæдау рызт.

Скъæфæг Тасолтан ныццавта
Цъиусурау чызгыл йæхи.
Фидар йæ фæсарц æрбаста…
Буц чызг æнамонд фæци…

 

***

Уайынц гæпдугъæй сæ бæхтæ,
Хъуысы сæ фындзтæй æхситт.
Æмæ лæдæрсы сæ уæнтæй
Зæхмæ фынчытæй сæ хид.

Даргъ дзыкку сæрыл ныппыхцыл.
Удхар Сæлимæт кæны,
Сæмбæлынц хуыртæ йæ ныхыл,
Урс риутæ ирдгæ цæвы.

Тоны æддæмæ, рæдувы,
Бæхæй æппары йæхи.
Барджыты раздзæуæг дзуры:
— Айсæм уал хъæдмæ нæхи.

Ниуы хæкъуырццæй Сæлимæт:
— Суадзут мæ, сæфын рæстæй! –
Иуварс æрбазилы нымæт,
Хъамамæ хъавы фæндæй.

— Банцай дæ куыдæй, цагъайраг!
Бузныг уай хъуамæ, – зæгъы,
Бæхы ныццæвы йæ барæг,
Бæх дæр та уадау тæхы.

Фелвæста барæджы хъама
Чызг, æмæ къæбутæн – цæф!
Ахауди барæг йæ саргъæй,
Фесты йæ фæндтæ бынсæфт.

Саргъыл Сæлимæт æрбады,
Идоныл фидар хæцы.
Сæулох æнæ цудгæ уайы
Æмæ йæ хиды мæцы.

Сурынц æй цалдæрæй иумæ:
Бæхтæн сæ лæнк-лæнк цæуы.
Мæнæ хæрз æввахс… Сæлимæт
Бæхы æнæвгъау тæры.

Нал уыд хъару дæр йæ бæхмæ, —
Барæджы бынмæ æрхауд.
Барæг æргæпп кодта зæхмæ,
Саулох фæхуыдыг, фæмард.

Тарст цъиуау чызг дæр ныррызти,
Арц та йæ сæры хъуын сбадт.
Иу сыбыртт дзыхæй нæ хъуысти,
Сур хид йæ цæсгомæй уад.

Зæрдæ йæ риуы фæтоны,
Зæрдæ нæ уромы маст;
Уыцы тахт аласта донмæ,
Донмæ æдзынæг ныккаст.

Ивылд дон абухау арсау,
Диссаг кæлæнтæ фæци…
Рæсугъд Сæлимæт кæсагау
Гуылфмæ нывзылдта йæхи.

Дон ын йæ дзæккутæ фасы,
Уый дæр марой кæны…
Тархъæдæй сидахъ ныууасы,
Уыг та æнкъардæй кæуы.

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск