skip to Main Content

Арфӕйы ныхӕстӕ

Ӕгайты мыггаг ӕмӕ Ӕгайты Эричы хӕдзары фӕндагыл сӕ хӕдзары цӕджындз куы рафӕлдӕхт, уӕд йыл йӕ хъаруджын къухтӕй чи схӕцыд ӕмӕ бинонты фыдох ӕмӕ хъыгӕй къӕртдих хай чи райста, уыцы Хуыцауы уарзон адӕмӕн зӕрдиаг арфӕтӕ кӕнынц.

Уӕ зӕрдӕты рызт, уӕ цӕстысыг, уӕ къӕхты хъиамӕт, уӕ хидвӕллой Зояйӕн фӕцу ӕмӕ ма ‘рцуйы дзӕнӕты фӕндагмӕ ахъаз уӕнт. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы комытӕф фарн, амонд ӕмӕ ӕнӕниздзинады хабӕрттӕ хӕссӕд.

Мыггыджы, бинонты, хӕстӕджыты номӕй Дуне Скӕнӕгӕй курӕм, цӕмӕй уӕ нувыд, уӕ лӕгдзинад ӕмӕ ӕгъдауӕн кувдты ӕмӕ чындзӕхсӕвты куыд балӕггад кӕнӕм. Нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, нӕ буц хистӕртӕ, бузныг!

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск