skip to Main Content

Ног азы хорзӕх уӕ уӕд!

Мӕ зынаргъ ӕмзӕххонтӕ!

Кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны 2023 аз. Бирӕ фӕлварӕнтӕ нын бавзарын кодта, фӕлӕ нын уыимӕ радта фадат дӕр, цӕмӕй ӕнгомдӕр ӕрбалӕууӕм кӕрӕдзийы фарсмӕ, хуыздӕр бамбарӕм кӕрӕдзийы.

Нӕ паддзахад архайы нӕ ӕдасдзинадыл, политикон ӕмӕ экономикон хӕдбардзинадыл, ӕмӕ уыдӕттӕ хынцгӕйӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, цӕмӕй нын Ног аз ног хӕрзтӕ, ныфс ӕфтауӕг хабӕрттӕ ӕрхӕсса. Не ‘фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хъӕбултӕ, хӕцӕнгарзимӕ нын нӕ сабырдзинад чи хъахъхъӕны, ӕдзух нӕ зӕрдӕтӕ кӕимӕ дзурынц, нӕ хъуыдытӕ кӕимӕ баст сты, уыдон, Хуыцау зӕгъӕд, ног азы уӕлахизимӕ куыд сыздӕхой. Сабырдзинады дуг куыд ралӕууа, зӕрдӕрухс ӕмӕ царды хорзӕхтӕй хайджын куыд уӕм иууылдӕр, ахӕм арфӕ нӕ уӕд!
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд!

Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады советы сӕрдар Абайты Алан

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск