skip to Main Content

«Нӕ сомыгӕнӕн Ирыстон йӕ хъӕбултӕй сӕрыстыр уӕд!»

Дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй фылдӕр ӕнгом кӕны йӕ алыварс Ирыстонӕй рацӕуӕг адӕмы национ-культурон организаци «Мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнад». Куыд цӕрынц не ‘мзӕххонтӕ нӕ паддзахады сӕйраг горӕты, цӕмӕ тырнынц, ирон адӕмы удварны хӕзнатӕ парахат кӕныныл куыд кусынц? Фӕсивӕдыл куыд аудынц, сӕ хъӕппӕристӕм сын цы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ хистӕрты зондӕй куыд архайынц? Ацы ӕмӕ ӕхсӕнады иннӕ фӕрныг хъуыддӕгты тыххӕй дзуры йӕ разамонӕг, ӕхсӕнадон-паддзахадон физкультурон-спортивон иугонд «Уӕрӕсейы ӕвзонгдзинад»-ы сӕрдар, Скъолаты спорты европӕйаг федерацийы вице-президент, Уӕрӕсейы сгуыхт тренер, педагогон наукӕты доктор, профессор АБАЙТЫ Алан.

— Алан, ацы мӕйы райдайӕны чингуыты фестивал «Сырх фӕз»-ы ӕвзыгъдӕй бацархайдта мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнад — сси Хуссар Уӕрӕсейы чиныгуадзджыты сфӕлдыстадон фембӕлды ӕмаразӕг. «Кавказы чингуыты дуне», зӕгъгӕ, уыцы мадзал стыр ӕрвылазон фестивалмӕ бахаста йӕхи рӕсугъд ахорӕнтӕ, ӕхсӕнад та равдыста, нациты ‘хсӕн бастдзинӕдтӕ ӕмӕ культурон ахастдзинӕдтӕн стыр аргъ кӕй кӕны, уый.

— Цӕгат Кавказы федералон зылды интеллектуалон хъарутӕ ӕнгом кӕныны хъуыддаг ахсджиаг у национ ӕхсӕнадтӕн дӕр. Уӕдӕ фӕсивӕды хӕрзӕгъдаудзинады хъомылады ӕмӕ ӕхсӕнады рӕзты чиныгӕн цы нысаниуӕг ис, ууыл дӕр бирӕ дзурын нӕ хъӕуы. Мӕскуыйы цӕрынц Цӕгат Кавказӕй рацӕуӕг дӕсгай мин адӕймӕгтӕ, ӕмӕ сын фестивал радта сӕ культурӕты налхъуыт-налмастӕ равдисыны фадат. Уыцы арфӕйаг хъуыддагмӕ йе ‘вӕрӕн бахаста не ‘хсӕнад дӕр.

— Нӕ паддзахады тӕккӕ стырдӕр ирон ӕхсӕнады сӕвзӕрдыл дзургӕйӕ, фыццагдӕр, цы фӕнысан кӕнис?

— Мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнад фарон сӕмбӕлд йӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз азы юбилейыл. Уӕрӕсейы сӕйраг горӕты цӕрӕг ирӕттӕ кӕдфӕнды дӕр ӕмбӕлдысты, кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой, фӕлӕ Магкӕты ӕфсымӕртӕ съезд сарӕзтой, ӕмӕ уым Устав фидаргонд ӕрцыд. Уый уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кусӕм абон мах дӕр ирон адӕмы культурон бынтӕ ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг парахат кӕныныл.

Æхсӕнады фыццаг сӕрдар сси инӕлар Цӕголты Ким, уый фӕстӕ йын разамынд лӕвӕрдтой академик Берозты Темырболат, Уӕрӕсейы спорты мастер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, техникон наукӕты кандидат Саулохты Умар, ССР Цӕдисы адӕмон артист Хъантемыраты Ирбег, Уӕрӕсейы сгуыхт дохтыр Торчынты Амырхан, амалхъом-меценат Къаболаты Валери, Уӕрӕсейы сгуыхт дохтыр Уыртаты Бексолтан, Уӕрӕсейы Федералон ӕмбырды Федерацийы Советы раздӕры уӕнг Тотоонты Алыксандр. Уыдоны ӕвӕрд традицитӕ дарддӕр хӕццӕ кӕнын ӕз дӕр, тырнын, не ‘хсӕнадон кусджыты архайд цӕмӕй ирддӕрӕй зына, уымӕ.

— Июны кӕрон арӕзт ӕрцӕудзӕн хыгъдон-ӕвзарӕн конференци, ӕмӕ уым ды, куыд ӕхсӕнады Советы сӕрдар, афтӕ радзурдзынӕ, ӕртӕ азы дӕргъы цы сарӕзтат, уый тыххӕй. ӕмбырды архайджыты цӕстӕнгас сӕйрагдӕр цӕмӕ аздахдзынӕ?

— Æмхъуыдыгӕнджыты къорд нӕм кӕй сӕвзӕрд, уымӕ. Чысыл нӕ сарӕзтам, фӕлӕ рагагъоммӕ нысангонд пълан ивын бахъуыд фыццаг пандемийы фыдӕй, уый фӕстӕ та, сӕрмагонд ӕфсӕддон операци кӕй райдыдта, уымӕ гӕсгӕ. Ирыстоны цӕрджытӕ ӕмӕ мӕскуыйаг ирӕттӕн балхӕдтам бирӕ хи хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ ӕмӕ хостӕ, ныр та ӕххуыс кӕнӕм ӕфсӕддон операцийы архайджытӕн. Уыдӕттыл хардзгонд ӕрцыд 150 милуан сомы бӕрц. Сӕйрагдӕр сты ӕхсӕнады Хӕрзаудӕн советы уӕнгты фӕрӕзтӕ. Уыцы патриоттӕ сӕ нӕмттӕ дзурын нӕ уадзынц, нӕхи стауыны охыл нӕ архайӕм, зӕгъгӕ. Адӕм та сӕ руаджы уынынц, сӕ уӕззау рӕстӕг иунӕг кӕй не сты, ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй ӕххуысгӕнджытӕ сын кӕй ис, уый. ӕмткӕй райсгӕйӕ, нӕ актив хорз бакуыста, ӕмӕ йын уый тыххӕй бузныг загътон Советы фӕстаг ӕмбырды.

— Уӕ сӕйрагдӕр фӕзилӕнтӕй иу фӕсивӕдимӕ куыст у куы зӕгъон, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕрӕдидзынӕн…

— Уӕрӕсейы Президенты цур нӕ республикӕйы иудадзыгон минӕварадимӕ иумӕ ӕрыгон фӕлтӕры ӕмхиц кӕнӕм нӕ куыстмӕ. Нӕхи адӕм нын ис Мӕскуыйы бирӕ ахуыргӕнӕндӕтты. ӕхсӕнады дуӕрттӕ фӕсивӕдӕн кӕдфӕнды дӕр гом сты. Цӕмӕй сӕхи се ‘мзӕххонты стыр къорды уӕнгтӕй ӕнкъарой, уый тыххӕй сын аразӕм бирӕ алыхуызон мадзӕлттӕ. Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ ам сӕмбӕлынц, фӕныхас кӕнынц, бахӕлар вӕййынц. Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ сӕ уынӕм, семӕ бастдзинад дарӕм. Уӕдӕ нӕм сӕхӕдӕг алыхуызон хъӕппӕристимӕ кӕй ӕрбацӕуынц, немӕ ӕхсызгонӕй кӕй кусынц, уый дӕр бирӕйы аргъ у.

Ацы аз нӕ фӕнды, мӕскуыйаг уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕ сырх дипломтимӕ каст чи фӕцис, уыдонӕн премитӕ радтын. Йӕ рӕстӕджы ахӕм хуызы хорзӕхгонд чи ‘рцыд, уыдон ныр, нӕ Хӕрзаудӕн советы уӕнгтимӕ иумӕ, кӕстӕрты барӕвдаудзысты. Гъе афтӕ, абон стыр цардмӕ фӕндагыл чи ‘рлӕууыд, уыдон дӕр иннӕ хатт нӕ фарсмӕ уыдзысты, ӕмӕ фӕлтӕрты бастдзинад ноджы фӕфидардӕр уыдзӕн.

Æнгомӕй ма кусӕм Мӕскуыйы алы паддзахадон структурӕтимӕ дӕр. Зӕгъӕм, ӕз дӕн Национ политикӕ ӕмӕ регионты ‘хсӕн бастдзинӕдты департаменты советы уӕнг. Аразы рухстауӕн, зонадон, спортивон программӕтӕ, ӕмӕ сӕ мах дӕр архайӕм. Æмгуыст кӕнӕм «Иры Стыр Ныхас», нӕ бӕстӕйы иннӕ регионты ӕхсӕнадтӕ ӕмӕ фӕсарӕнты диаспорӕтимӕ. Цыбыр ныхасӕй, стыр Мӕскуыйы цардӕй цӕрӕм. Уӕдӕ нӕ ног кусӕг, бӕстӕзонӕг ӕмӕ журналист Таутиаты Хъазыбег дӕр ныридӕгӕн фӕсивӕды йӕ алыварс ӕрбангом кодта, йӕ куыстмӕ ӕмбӕлгӕ ахастӕй нӕ архайд фӕхъомысджындӕр.

— Кӕстӕртӕй — хистӕртӕм. Дӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕлтӕрты бастдзинад фидарӕй-фидардӕр кӕны.

— Æнӕмӕнг афтӕ у. Нӕ куырыхон хистӕрты бафӕрсӕм, иу кӕнӕ иннӕ хъуыддаджы куыд растдӕр бакӕнӕм, уымӕй, аудӕм, ӕххуысхъуаг сӕ чи у, уыдоныл. Хистӕрты советы сӕрдар у Нигкоты Сергей, йе ‘ххуысгӕнджытӕ сты Саулохты Умар, Торчынты Амырхан, Дзасохты Алыксандр, Санахъоты Феликс, Бӕрӕгъуынты Тамерлан, Лӕцойты Хъазыбег, Сидахъаты Зауырбег, Æгайты Эрик ӕмӕ бирӕ ӕндӕр кадджын адӕм. Уыдон нын не ‘вгъау кӕнынц сӕ царды фӕлтӕрддзинад ӕмӕ зонындзинӕ тӕ.

— Мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕутты парахатдзинадыл та куыд архайут?

— Кусы нӕм ирон ӕвзаджы скъола сывӕллӕттӕн. Æхсӕнады агъуысты ӕдзухдӕр фехъусӕн вӕййы ирон ныхас. Этикӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты комитеты сӕргълӕууӕг у Æгайты Эрик. Уый студенттӕ ӕмӕ иннӕ фӕсивӕдӕн арӕх фӕдзуры, ӕцӕг ирон хъуамӕ цавӕр уа, уый тыххӕй.

Кад ӕмӕ радимӕ сӕмбӕлӕм ирон бӕрӕгбӕттыл дӕр. Ирон ӕвзаджы бон дзӕвгар рӕстӕг нӕ зӕрдӕты баззайы. Ацы хатт йӕ фӕлгӕты скодтам англисаг ӕвзагмӕ тӕлмацгонд Абайты Васойы «Ирон ӕвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-ы презентаци. Олег Беляевы разамындӕй тӕлмацгӕнджыты къорды архайды руаджы ныр ӕвзагзонынады патриархы дзырдуатӕй пайда кӕндзысты ноджы фылдӕр ахуыргӕндтӕ ӕнӕхъӕн дунейы.

Дыууӕ азы размӕ «Мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнад» ӕмгуыстады бадзырд бафыста Цӕгат Ирыстоны национ рауагъдад «Ир»-имӕ. Рауагъдад нын балӕвар кодта сӕдӕ чиныгӕй фылдӕр, уыимӕ — ирон ӕвзагыл нӕ классикты уацмысты ӕмбырдгӕндтӕ дӕр. Уыдонӕй сырӕзт библиотекӕ, ӕмӕ дзы сӕ бон пайда кӕнын у ӕхсӕнады ӕппӕт уӕнгтӕн дӕр. Сарӕзтам ма, «МосАлания», зӕгъгӕ, ахӕм номимӕ нӕхи видеостуди дӕр. Исӕм дзы алыхуызон равдыстытӕ, Ирыстоны аккаг хъӕбултӕй Мӕскуы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты чи цӕры, уыдоны тыххӕй. ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз нымайын нӕ адӕмы историйы тыххӕй зонинӕгтӕ, традицитӕ парахатгӕнынадыл куысты къабӕзтыл.

Æхсӕнадӕн ис йӕхи Интернет-сайт, фӕрстӕ социалон хызӕгты. Ацы аз ма нӕ информацион фӕрӕзтыл бафтыд газет »Терские ведомости» дӕр. 2010 азы ногӕй цӕуын куы райдыдта, уӕд йӕ редакцийы кусджыты ‘ххуысгӕнджытӕй иу не ‘хсӕнад уыд. Ныр газеты сӕрмагонд уӕлӕмхасӕн «МосАлания»-йы ӕвдыст цӕуы ӕхсӕнады цард. Æдзух ма нӕм арӕзт вӕййынц ирыстойнаг нывгӕнджытӕ ӕмӕ скульпторты куыстыты равдыстытӕ, байгом нӕм уыдзӕн сывӕллӕтты шахмӕтты скъола. Ома, адӕмӕн сӕ бон у фембӕлын, аныхас кӕнын, ӕмӕ уый дӕр ахъаз у мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ зонынмӕ разӕнгарддзинадӕн.

— Цы радзырдтай, уымӕй бӕрӕг у, ӕхсӕнад йӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕй кӕсы, уый. Йӕ рӕнхъытӕм бацӕуын кӕй бафӕнда, уымӕн цы кӕнгӕ у?

— Ирыстойнӕгтӕй Мӕскуыйы чи цӕры, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр сӕ бон у сӕхи не ‘хсӕнады уӕнгтыл нымайын. Фӕлӕ мах хъуамӕ зонӕм, ӕмгуыстдзинадмӕ цӕттӕ кӕй сты, уый. Уымӕн та хъӕуы нӕ сайтмӕ бацӕуын ӕмӕ дзы ӕмбӕлгӕ зонинӕгтӕ ныууадзын, цӕмӕй уӕ нӕ мадзӕлттӕм, ӕмбырдтӕм хонӕм, ног хабӕрттӕ уын хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй.

— Æртӕ азы размӕ дын сӕнады сӕргъы ӕрлӕууыны гӕнӕн куы фӕци, уӕд, фыццаджыдӕр, цӕуыл ахъуыды кодтай?

— Ацы бынатмӕ нӕ тырныдтон, фӕндыд мӕ ӕрмӕст Советы уӕнг суӕвын ӕмӕ не ‘мзӕххонтӕн исты хӕрзты бацӕуын. Совет мӕ сӕрдары бынатмӕ кӕй равзӕрста, уый мын ӕнӕнхъӕлӕджы хабар уыд. Бӕрнон хӕслӕвӕрдыл ӕй банымадтон. ӕхсӕнадон архайд дын дӕ рӕстӕг, хъарутӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ исы, фӕлӕ уыимӕ цымыдисаг ӕмӕ ахсджиаг куыст у. Зындзинӕдтӕ уыдзӕн, уый зыдтон, фӕлӕ мӕ ныфс уыд, мӕ алыварс чи ис, уыдонӕй. Фыццаджыдӕр, архайдтон, кӕрӕдзийы ӕмбаргӕйӕ, нӕ нысантӕм тырнынӕн фадӕттӕ саразыныл, ӕмӕ мын бантыст.

— Ирон ӕхсӕнад цӕимӕ абарис?

— Стыр ӕмӕ ӕнгом бинонтимӕ! Нӕргӕ кад дзы ис, ӕмӕ йӕ дӕлӕмӕ ӕруадзӕн нӕй! Уӕдӕ нын не ‘мзӕххонтимӕ ӕмбӕлыны фадат кӕй дӕтты, раст фӕндагыл лӕуд стӕм, уый кӕй ӕнкъарӕм, уый дӕр нӕ зӕрдӕскъӕфт кӕны. Фӕлӕ ӕхсӕнад адӕймагыл стыр бӕрндзинад дӕр ӕвӕры, уымӕн ӕмӕ дзуры ӕмӕ архайы, Мӕскуыйы ӕдзух кӕнӕ рӕстӕгмӕ чи цӕры, уыцы ирӕтты номӕй. Уыдон та ныртӕккӕ 100 мины онг сты.

Фӕсивӕдимӕ фембӕлдтыты ӕдзух фӕзӕгъын: «Мӕскуымӕ ӕрцыдтӕн, мӕхи мӕ райгуырӕн адӕмы ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ хайӕ ӕнкъаргӕйӕ. Уый мын ӕххуыс уыд кӕддӕриддӕр, мӕ ныфсыл мын ӕфтыдта». Зыдтон, ацы стыр горӕты, мӕ фарсмӕ чи балӕудзӕн, ахӕм ӕмзӕххонтӕ кӕй ис, кӕй мӕ бамбардзысты, хорз зондыл мӕ кӕй бафтаудзысты. Гъемӕ не ‘хсӕнад дӕр адӕмӕн уый ахъаз у.

— Ныр, зӕгъгӕ, ӕхсӕнадӕн исты хӕрзгӕнӕг фӕцис, уӕд дзы, фыццаджыдӕр, цы ракурис?

— Стыр бузныг зӕгъын нӕ хистӕртӕн, йӕ рӕстӕджы, Новослободскийы уынг, 34/2, зӕгъгӕ, ацы адрисыл агъуыст кӕй самал кодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ не ‘мхъуыдыгӕнджытӕ фӕфылдӕр сты, куыст фӕкъабазджындӕр, ӕмӕ нӕ ныр хъӕуы стырдӕр агъуыст. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг иууылдӕр иумӕ бацархайдзыстӕм ууыл, цӕмӕй ӕхсӕнадӕн фӕзына ног «къона» йӕхи конференц-зал, сценӕ, студитӕн кабинеттӕ, ирон хӕринӕгтимӕ чысыл кафеимӕ. Ацы хъуыддаджы нӕм чи фӕкӕса, уыцы хӕрзгӕнӕгӕй бузныг уыдзыстӕм.

— Алан, дӕ куысты сӕйраг бынат у спортивон ӕхсӕнад «Уӕрӕсейы ӕвзонгдзинад» («Юность России»). Алчи нӕ зоны, ды цы организацийы сӕргъы лӕууыс, уый зындгонд советон «Фӕллойадон фӕстауӕрцгонд тыхты» («Трудовые резервы») традицитӕ дарддӕргӕнӕг кӕй у…

— Раст зӕгъыс. Уыимӕ, ӕхсӕнадӕн регионалон хайӕдтӕ баззад ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр. Йӕ бындурӕвӕрӕг у Уӕрӕсейы Федерацийы хицауад, ӕнгомӕй кусӕм Рухсады министрадимӕ. «Уӕрӕсейы ӕвзонгдзинад»-ы уӕнгтӕ сты сӕдӕгай мин адӕймӕгтӕ, уыимӕ — профессионалон ахуыргӕнӕндӕтты ӕппӕт студенттӕ дӕр. Мах бирӕ мадзӕлттӕ аразӕм фӕсивӕды хӕрзӕгъдаудзинадӕн ӕмӕ ӕрдзон хъомыладӕн.
Октябры ӕхсӕнад бӕрӕг кӕндзӕн йӕ 80 азы юбилей. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты тӕмӕны йӕ кӕй сарӕзтой, уый бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг у. Фӕллойгӕнӕг фӕсивӕды хъуыд ӕрбангом кӕнын, ахуыры ӕмӕ спорты архайыны фадӕттӕ сын саразын. Æхсӕнад бирӕ аккаг адӕмы схъомыл кодта, се ‘хсӕн ис Советон Цӕдисы Хъӕбатыртӕ дӕр. Абон ӕхсӕнад рӕзы, ахъаз у ног ӕмӕ национ спорты хуызты рӕзтӕн, уӕрӕхдӕр кӕны йӕ зонадон архайд дӕр.

Ирыстоны нӕм ис профтехахуырады 19 организацийы 14 мин студентимӕ. Командӕтӕ фӕархайынц спортивон турнирты ӕппӕтуӕрӕсеон кӕронбӕттӕнты, туристон ӕмӕ ахуырадон программӕты. Регионалон хайадӕн разамынд дӕтты Бигъаты Олег, уый ма у Цӕгатаг федералон зылды хайады сӕргълӕууӕг дӕр.

— Советон рӕстӕг дзыллон спортмӕ ӕмхицгӕнӕг уыдысты лӕвар секцитӕ, ныр уыдон бирӕ нал сты. Уӕдӕ сывӕллӕтты кӕртыты спорт дӕр фӕлтӕрдта, ӕмӕ уый кой та ӕппындӕр нал ис. Ацы системӕ сног кӕнӕн нӕй?

— Ис, уый мӕ фидарӕй уырны. Ме ‘мгӕрттимӕ уыцы-иу рӕстӕг цыдыстӕм дыууӕ-ӕртӕ лӕвар секцимӕ. Ныртӕккӕ уал ӕрыгӕттӕн нӕ бон у, сӕ ахуыры рӕстӕг цы ерыстӕм бацӕттӕ вӕййынц, уыдоны архайынӕн фадӕттӕ аразын. Кӕртыты спорт та домы энтузиастты архайд, ӕмӕ ахӕмтӕ дӕр ис. Ацы къабӕзты советон системӕ бынтон нӕ ферох, ӕмӕ, ӕнӕмӕнг, ног таутӕ суадздзӕн.

— Спорты басгуыхынӕн, фыццаджыдӕр, цы хъӕуы?

— Дӕхиуыл ӕууӕндын ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кусын! Уӕд ӕрыгон лӕппу кӕнӕ чызг ӕнтыстджын уыдзӕн ӕрмӕст спорты нӕ, фӕлӕ царды дӕр. Иугӕр дӕ сӕумӕрайсом де уӕнгтӕ аивазынмӕ исчи хъал кӕны, дӕхӕдӕг нӕ тырныс, уӕд спортивон уӕлахизтыл дӕ зӕрдӕ ма дар. Уӕдӕ ахуырмӕ, чингуытӕ кӕсынмӕ дӕр хъуамӕ де ‘ргом здахай. Иугӕр зындгонд спортсмен дыууӕ ныхасы бабӕттынмӕ нӕ арӕхсы, йемӕ цӕуыл аныхас кӕнай, уый нӕй, уӕд ӕй ӕхсӕнады аккаг уӕнгыл куыд банымайдзынӕ?!

— Дӕхӕдӕг спортмӕ кӕй кӕнӕ цӕй руаджы бахаудтай?

— Мӕ фыд Абайты Михалы кӕнгӕ ‘фсымӕр уыд Хъороты Хъазыбег (Газе). Йӕ фырт Хъороты Эльбрус — дунеон къласы спорты мастер, ССР Цӕдисы ӕмӕ Европӕйы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй — махӕн, сывӕллӕттӕн, фӕзминаг дӕнцӕг уыд. Гъемӕ мӕ мӕ фыд уымӕ, »Спартак»-ы залмӕ, баласта. Афтӕмӕй мӕ цард спортимӕ баст ӕрцыд, фыццаг, куыд богалы, уый фӕстӕ — университеты ахуыргӕнӕджы, 2016 азӕй фӕстӕмӕ та — ӕппӕтуӕрӕсеон организаци «Уӕрӕсейы ӕвзонгдзинад»-ы сӕрдары хуызы.

— Дӕхи кӕстӕртӕй спортмӕ исчи ӕмхиц у?

— Уӕ фарн бирӕ, фӕлӕ мӕ фырт сси спорты мастертӕм кандидат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, ме ‘ртӕ чызгӕй та иу рамбылдта ӕрыгӕтты ‘хсӕн турниртӕ аивадон гимнастикӕйӕ.

— Царды уӕлдай стырдӕр аргъ кӕмӕн кӕныс, уыцы адӕмы кой дӕр куы скӕниккам…

— Дыууӕ хатты олимпаг чемпион Андиаты Сослан ӕрмӕст номдзыд спортсмен нӕ уыд, фӕлӕ ма тынг хорз адӕймаг дӕр. Мӕ зондамонӕг ӕмӕ ахуыргӕнӕг у Уӕрӕсейы физикон культурӕйы сгуыхт кусӕг Александр Зотов — ӕхсӕнад «Уӕрӕсейы ӕвзонгдзинад»-ы сӕрдары бынаты йӕ раивтон. ӕмӕ ма мӕ хӕстӕг ӕрвад, медицинон наукӕты доктор, профессор, Мӕскуыйы 5-ӕм стоматологон поликлиникӕйы сӕргълӕууӕг Абайты Бег. Мӕнӕй фондз азы хистӕр йеддӕмӕ нӕу, фӕлӕ мын царды раст фӕндагамонӕг сси. Алы къабӕзты кусджытӕ, фӕлӕ мын бирӕ хорздзинӕдты бацыдысты. Рох мӕ никуы вӕййынц, аргъ сын кӕнын кӕддӕриддӕр.

— Дӕ хъуыддӕгтӕ дӕхи фӕндиаг уӕнт! Ирыстоны цӕрджытӕн дӕ зӕрдӕ цы зӕгъы?

— Сабырдзинад! Нӕ фӕсивӕд ныртӕккӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайынц, ӕмӕ нӕм уӕлахизимӕ здӕхӕнт! Æрыгӕттӕн кӕддӕриддӕр уӕд раст зондыл сӕ ӕфтауӕг хистӕртӕ, ӕмӕ уӕд нӕ цард дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уыдзӕн.

Хуыцау ӕмӕ нын Уастырджи ӕххуысгӕнӕг уӕнт!

Ныхас ныффыста ТЪЕХТЫ Тамерлан
Дзӕуджыхъӕу-Мӕскуы-Дзӕуджыхъӕу

Рӕстдзинад, №109  от  22.06.2023

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск