skip to Main Content

Джеоргуыбайы хорзах уæ уæд!

Абон райдыдта Уастырджийы рухс бæрæгбон, кувыны æмæ арфæты афон! Къуырийы дæргъы адæм сæ хойрагæй фæдзæхсдзысты сæхи Хуыцауы минæварыл æмæ дзы курдзысты амонд æмæ бæркад канд сæ бинонтæн нæ, фæлæ æппæт адæмæн дæр. Фыдæлты ныхасмæ гæсгæ ацы бонты Лæгты Дзуар адæймаджы сурæт райсы æмæ не`хсæнмæ æрцæуы, кæй фæлваргæ бакæны, кæмæн та — æххуыс. Алкæмæн йæ удварнмæ гæсгæ ракæны арфæтæ æмæ уыл дзæбæхæй æрцæуæнт!

Фарн, амонд, бӕркад ӕмӕ æнæниздзинад раттæд уæ алкæйы бинонтæн дæр!

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск