skip to Main Content

Хетӕджы Уастырджийы хорзӕх уӕ уӕд!

Абон Ирыстоны ахсджиагдӕр бӕрӕгбӕттӕй иу ӕрцыд, ӕмӕ уын амондхӕссӕг фӕуӕд! Нӕ хистӕртӕн куырыхон зонд, нӕ кӕстӕртӕн рухс фидӕн, нӕ бӕстӕйӕн сабырдзинад раттӕд! Ӕппӕт дунейы кӕмдӕрридӕр ирон адӕймаг ис, уым абон арфӕйы ныхӕстӕ ӕрвитдзӕн уӕларвмӕ, ӕмӕ нӕ фынӕндхъӕл ма фӕкӕнӕд Дуне Скӕнӕг. Хуыцауы минӕвар, Лӕгты Дзуар, кӕддӕриддӕр нӕ адӕмӕн ӕххуысгӕнӕг уыд, ӕдзух йыл фӕдзӕхсӕм нӕхи, ӕмӕ нӕ бахъахъхъӕд фыдбылыз ӕмӕ фыдзаманӕй. Нӕ сомбон нын абонӕй рухсдӕр куыд скӕна, нӕ кӕстӕртӕ та йын нӕ фӕстӕ кӕддӕриддӕр ӕртӕ кӕрдзынӕй бакувын куыд базоной.

Амондджын бӕрӕгбӕттӕ уыл цӕуӕд, ирон адӕм!

Тотоонты Алыксандр
ӕмӕ мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады Совет

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск