skip to Main Content

«Дæхæдæг æххормагæй баззай, фæлæ бæхтæн хæринаг ратт»

Ацы худæджы цау мын радзырдта Таджикистаны 54 азы размæ иу таджикаг зæронд лæг, ирон лæг æй цæмæн фæнадта, уый тыххæй. Уыдис чайханщик.

Уæд иу хатт иу таджикаг кишлачы (хъæуы) бацыдтæн чайханамæ, иу цай бацымон,зæгъгæ.Чайханщикæн салам раттон, цай цымын. Ныр зыдта, ирон кæй дæн, уый æмæ мæ фæрсы:

— Темырланг (таджикæгтæ мæ афтæ хуыдтой), Ардасенты Амырхан-акайы зоныс? Æмæ, зæгъын, зонын!

Амырхан цардис Курган-Тюбемæ хæстæг. Æз æм-иу арæх бауадтæн сæхимæ. Стуры игæр уарзта, æмæ-иу дзидзайы комбинатæй куы сцæйцыдтæн, уæд-иу Амырханæн игæртæ баластон.

Амырхан уыдис елхотаг уæздан зæронд лæг. Йæ цардæмбал Сониханимæ таджикаг æмæ узбекаг æвзæгтыл сыгъдæг дзырдтой. Мæнмæ гæсгæ, Таджикистанмæ паддзахы заман афтыд. Амырхан хорз цардис уыцы заман уым, мулк æм бирæ уыдис, бæхтæ дæр дардта. 1920-1930 азты уыдис арбакеш, Афганистанмæ алыхуызон товартæ ласта. Ахæм куыст кодта Амырхан.

Таджикаг зæронд лæг чайханщик мын радзырдта: «Æз мæгуыр цард кодтон, Амырхан та хъæздыг уыди, æмæ сфæнд кодтон Амырханæй бæхтæ ракурын мæ хæдзары куыстытæ акæнынмæ. Фæлæ йæм нæ уæндыдтæн — йæ бакаст тызмæг уыдис. Мæхинымæр загътон, зæгъгæ, Амырхан Афганистанмæ куы ацæуа, уæд йæ цардæмбалæй бæхтæ ракурдзынæн — Сонихан хæларзæрдæ сылгоймаг уыдис.

Иу бон кæсын, æмæ Амырхан чырæ аласта, араст ис Афганистанмæ. Уыйуыдис 1929 азы. Æз уайтагъд сæ дуармæ бацыдтæн æмæ Сониханæн лæгъстæ кæнын байдыдтон, дыууæ бæхы мын ратт, мæ куыстытæ акæнон, зæгъгæ. Сонихан мын бæхтæ ратта æмæ бафæдзæхста, цæмæй сæ Амырханы æрцыдмæ фæстæмæ æрбакæнон». Таджикаг лæг йæ куыстытæ бакодта дыууæ къуыримæ, сфæнд кодта бæхтæ бакæнын сæ хæдзармæ, цалынмæ Амырхан не ‘рыздæхт Афганистанæй, уæдмæ. Сбадтис бæхуæрдоны æмæ Амырханы хæдзары ‘рдæм араст. Куыддæр æрбахæццæ, афтæ кæсы, æмæ Амырхан-ака лæууы. Афтæ рауад, æмæ раздæр æрбацыд йе ‘мгъуыдæй. Амырханæн салам ратта, уæдæ цы, уый йæм дзургæ дæр не скодта, фæлæ йæ кæртмæ бахызт, уайтагъд фæстæмæ фездæхт, йæ къухтæ – йæ астæуыл æмæ таджикагмæ æрбауад. Йæ къухы разынд ехс.

— Гъе, куыдзæйгуырд, куыдзæйгуырд! — ехсæй саубыны над фæкодта лæгæн. — Дæхæдæг æххормагæй баззай, фæлæ бæхтæн хæринаг ратт! Нæ уыныс, бæхтæн сæ тæнтæ кæй бахаудысты фыр æххормагæй, уый?!

Цыбыр дзырдæй, Амырхан сау быны над фæкодта чайханщикы.

«Мæгуыр цард кодтон æмæ мæм бæхты фаг холлаг нæ уыдис, æмæ æцæгæйдæр сæ тæнтæ бахаудысты».

Иу ахæмы та Курган-Тюбейæ сцæйцыдтæн. Гъама, зæгъын, Амырханмæ та бауайон. Бацыдтæн сæм, бацин мыл кодтой, Сонихан нын фынг авæрдта. Бадæм, ныхас кæнæм. Иу заман Амырханæн афтæ зæгъын: «Цалдæр боны размæ мын иу таджикаг зæронд лæг радзырдта, 1929 азы йæ ехсæй куыд фæнадтай, уый».

Амырханæн йæ цæстытæ ферттывтой: «Кæс-ма уыцы æвзæрмæ, куыд ма йæ хъуыды кæны уæдæй нырмæ! Æмæ ма æгас у уыцы ницæйаг? Хорз бахъуыды кодта, ирон лæг цы у, уый, Хуыцауыстæн, афтæ уыдис. Кæсын, бæхтæн сæ тæнтæ бахаудысты фыр æххормагæй. Гъемæ йыл уый тыххæй ралæууыдтæн ехсæй нæмынмæ».

Уæд Амырханы фæрсын байдыдтон: «Ныр 1920–1930 азты ацы ран басмачтæй ацæуæн куы нæ уыди иуæрдæм дæр, уæд-иу ды Афганистанмæ куыд уæндыдтæ цæуын?»

Уый йæ мидбылты бахудт æмæ мын дзуапп радта:

— Мæн басмачтæ хорз зыдтой. Уымæн æмæ уыдонæн сæ уæлдæр хицæуттæ, Ибрагим-Бек æмæ Энвер-паша, ме ‘рдхæрдтæ уыдысты, стæй пысылмон нæ уыдтæн, семæсæнбирæхаттфæнызтон. Басмачтæ зыдтой, семæ хæлар кæй дæн, уый. Хæдæгай, Энвер-паша туркаг инæлар уыдис… Стæй мæ фæрстыл — дыууæ «маузеры» ауыгъд, фондзæхстон топп дæр мæм уыди, хъыпп-сыпп дæр мæм никуы ничи скодта.

Ахæм хорз елхотаг ирон зæронд лæджы зыдтон Астæуккаг Азийы 54 азы размæ.

Ходы Тамерлан

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск