Рагон къамтæ дзурынц
Ацы рагон къамтæ мын ратта мæ хорз хæлар, Мæскуыйы мæ хорз сыхаг чи у, уыцы Кузеты Къоста. Дыууæйæ кæм лæууынц, уыдон сты дыууæ æфсымæры. Галиуырдыгæй — Кузеты Алыкси, рахизырдыгæй та — Кузеты Агæсан, мæ сыхаг Къостайы фыд.
Райгуырдысты станицæ Новоосетиновкæйы Мæздæджы районы. Сæ дыууæ дæр уыдысты Уæрæсейы Паддзах Никъала II хъахъхъæнæг бæхджын къанвойы барджытæ. Кузеты Алыксийы тыххæй бирæ нæ зонын. Фæлæ уымæн йæ хабар уыдис афтæ. Паддзахмæ йæ службæ куы фæцис, уæд ацыди Швейцаримæ. Уым ахуыр кодта хъæууонхæдзарадон академийы.
Уæрæсейы революци куы сарæзтой, уæд сыздæхт Ирыстонмæ. Фæлæ, мæ ахуыр адарддæр кæнон, зæгъгæ, ацыдис Бетъырбухмæ 1918 азы, æмæ уыцы пиллон граждайнаг хæсты заман фесæфт æбæрæгæй… Кузеты Агæсаны тыххæй зонын фылдæр. Йæ фырт Къостайы ныхæстæм гæсгæ, Агæсан ма гыццыл уыдис, афтæмæй йæ йæ мады-мады æфсымæр Сеойты Бедта ратта къниаз Дадианийы бинонтæм, æмæ сæм Агæсан хъаны хуызы цалдæр азы фæцардис.
Сеойты Бедта уæд уыд Паддзахы хъахъхъæнæг къанвойы афицер. Къниаз Дадианийы хæдзары цы гувернанттæ-ахуыргæнджытæ уыдис, уыдон лæппуйæн ахуырдзинад лæвæрдтой. Йæ кары куы бацыд Агæсан, уæд æй къниаз Дадиани Паддзах Никъалайы хъахъхъæнæг бæхджынты къанвоймæратта. Уым йæ службæ куы фæци, уæд уæлдæр ахуырад райсыны тыххæй бацыд, райста гидротехникы дæсныйад.
Советон дуг куы ралæууыд, уæд Кузеты Агæсан кусын райдыдта Волхов-ГЭС-ы арæзтады. Аразынмæ бавнæлдтой Ленины уынаффæмæ гæсгæ, ома «Пълан ГОЭРЛО»-йы бындурыл. Уыцы арæзтады Кузеты Агæсан нымад уыди раззагдæр æмæ дæсныдæр кусджытæй иуыл. Иу заман, 1922 азы, æхца нал фаг кодта арæзтадæн. Æмæ арæзтады разамынд Агæсанæн бахæс кодтой цæмæй В. И. Ленинимæ фесбæла.
Кузеты Агæсан фембæлд Ленинмæ, уый бамбæрста уавæр æмæ йын сæххæст кодта йæ курдиат. Волхов-ГЭС-ы арæзтадæн дихгонд æрцыд фаг æхца, Уыцы æххуысы фæрцы стыр арæзтад 1926 азы срæвдз. Уый фæстæ йæ дæсныйадмæ гæсгæ куыста Советон Цæдисы алы рæтты. Æппынфæстаг куыста Азербайджаны. Уырдыгæй 1959 азы æрбаздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Амард 1963 азы. Кад æмæ радимæ ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы.
Дыккаг къамы та уынæм Кузеты æфсымæрты мадымады æфсымæр Сеойты Бедтайы. Ацы къам дæр ист æрцыд 19-æм æнусы кæрон Бетъырбухы. Сеойты Бедта дæр йæхи равдыста æхсарджынæй, уыдис Паддзахы хъахъхъæнæг къанвойы афицертæй иу. Æндæр мын ницы бантыст сбæрæг кæнын йæ цардвæндагæй. Æртыккаг къамы та мæ сыхаг Кузеты Къостайы мадымад Сеойты Верæ, иронау æй хуыдтой Екка, Сеойты Бедтайы хо.
Кузеты æфсымæрты æмæ Сеойты Бедтайы портреттæ ацы къамтæм гæсгæ сныв кодта адæмон нывгæнæг, мæ хорз хæлар Лотиты Игорь. Ныр 37 азæй фылдæр кæны Ирыстонæй рацæуæг Уæрæсейы паддзæхты хъахъхъæнæг къанвойы архайджыты портреттæ. Уал æмæ уал азы сæ агуры æмæ сын дыккаг цард ратты. Фæнды мæ, цæмæй нæ абоны кæстæртæ зоной æмæ сæрыстыр уой нæ кадджын хистæртæй. Уыдонау уарзой æмæ аккаг аргъ кæной нæ Райгуырæн Фыдыбæстæйæн.
Ходы Тамерлан
Мæскуыйы цæрæг
Газет Растдзинад №32 (26484)







Комментариев: 0