skip to Main Content

Рагон къамтæ дзурынц

Дыууæйæ кæм лæууынц, уыцы къам ист æрцыд 1908 азы Бетъырбухы. Галиуæрдыгæй – Кузеты Алыкси, рахизæрдыгæй – йе ‘фсымæр Агæсан. Дыууæ æрсымæры дæр цардысты Бетъырбухы. Уыдысты Уæрæсейы паддзах Никъала II-ы хъахъхъæнæг бæхджын æфсады барджытæ (Конвой его Императорского величества). Райгуырдысты Мæздæджы районы Ново-Осетинская-йы станицæйы.

Кузеты Агæсан службæ бакæныны фæстæ  куыста Бетъырбухы къниаз Дадианимæ управляющийæ. Уый йын бафиппайта йæ зæрдæргъæвддзинад ахуырмæ æмæ йæ амындæй бацыд Бетъырбухы уæлдæр техникон институтмæ. Райста инженер-гидротехникы дæсныйад. Советон дуг куы ралæууыд, уæд Агæсан кусын райдыдта Волховы ГЭС-ы арæзтады. Нымад уыд уыцы арæзтады раззагдæр æмæ дæсныдæр кусджытæй иуыл.

Уыцы арæзтады разамынд Агæсайæн бахæс кодта, цæмæй фембæлыдаид В.И. Ленинимæ. Уый йын сæххæст кодта сæ курдиат, æмæ сæ ГЭС-ы арстадæн дихгонд æрцыд фаг æхца. Уыцы æххуысы фæрцы ацы стыр арæзтад цыбыр рæстæгмæ, 1926 азы йæ къахыл слæууыд.

Уый фæстæ Агæсан йæ дæсныйыдмæ гæсгæ куыста Советон Цæдисы алы рæтты. Фæстагмæ та куыста Азербайджаны. Уырдыгæй 1959 азы æрбаздæхт Ирыстонмæ. Амард 1963 азы, кад æмæ радимæ ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы.

Агæсаны æфсымæр Алыкси дæр паддзах Никъала II-ы хъахъхъæнæг бæхджын æфсады службæ кæнгæйæ, нымад уыд хъæбатыр æмæ æхсарджын барæгыл. Ирон лæджы ном фæхаста кад æмæ радимæ.

Дыккаг къамы та уынæм Алыкси æмæ Агæсаны мады æфсымæр Сеойты Ассæйы. Ацы къам дæр, æвæццæгæн, ист æрцыд Бетъырбухы, XIXæнусы кæрон. Ассе дæр йæхи равдыста æхсарджынæй. Уыдис Уæрæсейы паддзах Никъала II-ы хъахъхъæнæг бæхджын æфсады къорды хицау. Æндæр йын, хъыгагæн, ницы ссис мæ бон сбæрæг кæнын йæ цардвæндагæй

Фæнды мæ, цæмæй нæ абоны кæстæртæ зоной æмæ сæрыстыр уой нæ намысджын хистæртæй æмæ уыдонау уарзой æмæ аккаг аргъ кæной нæ Райгуырæн Фыдыбæстæйæн.

Кузеты Агæсан

Кузеты Алыкси

Сеойты Ассæ

Ходы Тамерлан
Рагон къамтæ мын радта мæ сыхаг Кузеты Къоста
Портреттæ сныв кодта Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Лотиты Игорь
(из серии «Конвой его Императорского величества»)

Газет «Рæстдзинад»

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск