skip to Main Content

Абон райдыдта Уастырджийы кувæн къуыри

Нæ фыдæлтæ иу куыд дзырдтой, афтæмæй Лæгты Дзуар ацы бонты æрцæуы зæххмæ æмæ æнæхъæн къуыри адæмы хсæн фæвæййы. Кæм цæ фæлваргæ бакæны, кæм та цын æххуыс бакæны. Уый фæдыл йын алы хæдзары дæр кувинæгтæ æрцæттæ кæнынц, кæд, мыййаг, мах къæсæрæй дæр æрбахизид, зæгъгæ. Ацы къуыри, ирон адæм кæмфæнды дæр куы уой, уæддæр Уастырджийы рухс ном æнæ ссаргæ нæ фæвæййынц. Бæрæгбоны фæстаг бон, зæххæй уæлбæстæм цæуынвæнд куы скæны, уæд адæмæн ракæны æртæ арфæйы. Уыцы арфæтæ уыл дзæбæхæй арцæуæнт æмæ уæ Уастырджийы хорзæх уæд!

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск