skip to Main Content

Æнæнхъæлæджы фембæлд

Ацы æмбисонды цау æрцыдис 1944 азы октябры. Плиты Иссæйы бæхджынтæ уыдысты Венгрийы Уайзасы районы æмæ хъуамæ ныббырстаиккой горæттæ Ясопати æмæ Ясороксалласмæ. Диссаг та куыннæ уыд, ирон инæлары æфсæдтæ уæгъд кодтой фашистты дзæмбытæй, кæддæр, цалдæр æнусы размæ Цæгат Кавказæй Венгримæ чи афтыди, уыцы ирон адæмы горæттæ, сæ цæрæнбынæттæ ясстæн-алантæн.

Ходы Дзаххотты полкъ дæр уырдæм хæстæг лæууыд æмæ фехъуыста, Плиты Иссæ ам кæй ис, уый. Иссæйы бабæрæг кæнын æй бафæндыд, уымæн æмæ хæрз хæстæджытæ уыдысты: Плиты Иссæйы фыд Алыксандр æмæ мæ фыд Дзаххотты мад Маша уыдысты дыууæ æфсымæры цот. 1944 азы фæззыгон бонты иуы Дзаххотт араст, Иссæйы хæстонтæ кæм уыдысты, уыцырдæм. Цас рацыдаид йæ полчы бынатлæууæнæй, чи зоны, фæлæ дын мæнæ немыцаг сармадзантæ цæвын куы райдаиккой. Æмæ Дзаххотт, мæхи бамбæхсон, зæгъгæ, размæ тæхы. Йæ разæ иу стыр дзыхъхъ фæци æмæ уырдæм ныггæпп кодта. Дæлгоммæ хуыссы йæ къухтæ йæ сæрыл æртыхта. Сармадзантæ гæрах кæнынц. Фезмæлæн нæй, сыстæн нæй дзыхъхъæй. Йæ цæсгом цъымарайы, удæфын дæр – зын. Йæ къухтæ йæ сæрæй размæ адаргъ кодта æмæ йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта – кæуылдæр бандзæвыд æмæ уый дæр стæлфыд. Йæ сæры уайтагъд фæзынд ахæм хъуыды, кæд, немыцаг у, зæгъгæ.

Ногæй та ныссабыр. Кæуыл бандзæвыд йæ къухтæй, уый дæр ныссабыр. Стæй цасдæры фæстæ йæ бон улæфын куы нал уыдис (йæ цæсгом цъымарайы уыд), уæд йæ сæр фæхъил кодта æмæ джихæй баззад: цæсгомæй-цæсгоммæ кæрæдзимæ кæсынц поэт Плиты Грис æмæ Дзаххотт.

Плиты Грис дæр уыцы бон рацыдис йæ полкæй, цæуон æмæ нæхи Иссæйы фенон, бабæрæг æй кæнон, зæгъгæ.

Диссаг та куыннæ уыд. Кæм ис Ирыстон æмæ кæм ис Венгри? Цæуы хæст æмæ дын мæнæ дыууæ ироны, дыууæ хæстæджы æнæнхъæлæджы фембæлыдысты.

Кæрæдзийыл куыннæ фæцинтæ кодтаиккой! Иссæмæ дæр нал бахæццæ сты.

Хæстæй бирæ азтæ куы рацыд, уæд иу хатт Мæскуыйæ нæхимæ Дзæуджыхъæумæ отпусчы ссыдтæн, уый уыдаид æстайæм азты. Иу бон бацыдтæн мæ фыдыфсымæры лæппу Ходы Камалмæ. Уыцы рæстæг куыста полиграфи æмæ чингуыты базарады паддзахадон комитеты сæрдарæй. Бадæм йæ кабинеты, ныхас кæнæм.
Æмæ дын мæнæ Хуыцау кæцæйдæр æрбахаста Плиты Грисы. Кæрæдзийæн салам радтам. Плиты Грис æмæ Камал ныхас кæнынц цыдæр хъуыддæгтыл, æз сæ нæ хъыгдарын. Сæ ныхас куы фесты, уæд мæ зæрдыл æрбалæууыд, хæсты заман мæ фыдыл æмæ Гришыл цыц ау æрцыд, уый.

Æмæ Грисы бафарстон, радзур-ма, зæгъын, Венгрийы дæуыл æмæ Дзаххоттыл цыц ау æрцыд, уый.
Æмæ загъта: «Хуыцауардыстæн афтæ уыдис. Æз дæр, дам, цæуон æмæ Плиты Иссæйы бабæрæг кæнон, зæгъгæ, мæ æфсæддон хайæ рацыдтæн. Бирæ рæстæг нæ рацыдаид, афтæ сармадзантæ цæвын байдыдтой. Цыдæр дзыхъхъы ныггæпп кодтон дæлгоммæ, мæ къухтæ мæ сæрыл авæрдтон. Ныр цæсгом – цъымарайы. Мæ бон улæфын куы нал уыдис уыцы цъыфджынæй, уæд мæ цæсгом уæлæмæ сиситон æмæ дын кæсын: Ходы Дзаххотт. Дыууæйæ дæр джихæй баззадыстæм. Стæй кæрæдзийыл цинтæ кæнын байдыдтам æмæ бирæ фæхудтыстæм».

Гъе ахæм худæджы цау æрцыд Венгрийы зæххыл хæсты заман Плиты Грис æмæ мæ фыд Дзаххоттыл.
Ходы Тамерлан

г. Одинцово
Мæскуыйы област

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск