skip to Main Content

Къостайы номимæ баст зырдур

Фарн уæм бадзурæд газет «Рæстдзинад»-ы кусджытæ! Æз кæд ныр бирæ азты дæргъы Мæскуыйы цæрын, уæддæр мæбастдзинад нæ халын нæ ирон газетимæ. Исын æй Мæскуымæ æмæ йын йæ алы номыр дæр бакæсын алы хатт дæр зæрдиагæй.

Бафæндыд мæ мæ уырзон газет «Рæстдзинад»-мæ нæ номдзыд поэт Къостайы номимæ баст иу ахæм цауы тыххæй ныфыссын. Цæвиттон, Дзæуджыхъæуы Терчы былгæрон Байаты Чермены уынджы цы егъау зырдур ис, уый бирæтæн зонгæ у. фæлæ, мæнмæ гæсгæ, бирæтæ нæ зондзысты, Хетæгкаты Къостайы номимæ баст кæй у, уый. Хъыгагæн, ацы зырдур сыджыты бын ныгæд æрцыд æмæ хорз нал зыны.

Ацы зындур Къостайы номимæ куыст баст у, уый та æз, фыцаджыдæр, базыдтон мæ фыд, зынгонд журналист Ходы Дзаххотты ныхæстæм гæсгæ. Уый 50-æм азты куыста Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы. Æз ма сывæллон уыдтæн æмæ иу арæх цыдтæн мæ фыдимæ йемæ паркмæ. Хорз хъуыды кæнын иу ахæм хабар. Уыдис хурбон. Æз мæ фыдимæ æрцæйцыдтæн Байаты Чермены уынджы. Мæ фыд æрлæууыд, паркмæ хæстæг цы егъау зындур уыд, уый цур æмæ уырыссагау бакаст Къостайы фыст мæнæ ацы æмдзæвгæ:

Скрывать, молчать, страдать безмолвно
Нет сил, терпенья больше нет, –
Как знать, обижу ли вас кровно,
Найду ль сочувствие и ответ?

Но все, что так терзает душу
На части разрывает грудь,
Давно уж просится наружу,
Давно уж пробивает путь.

В признанье я не вижу цели,
Молчаньем я себя травлю…
Чего хочу на самом деле?
Зачем вам знать, что вас люблю?

Цы `мбæрстон уарзондзинадæн уæд, нырма гыццыл уыдтæн. Фæлæ уый æмбарынхъом уыдтæн, æмæ Къоста ацы æмдзæвгæ кæй ныффыта тыхджын уарзондзинадыл.

Дзаххотт ацы æмдзæвгæ каст куы фæцис, уæд мын афтæ:
– Ам цæмæн æрлæууыдтæн, уый зоныс?
– Нæ зонын, – дзуапп ын радтон æз.
– Уæдæ мæм уæд байхъус. Ацы хабар æз 1936 азы Зæнджиаты Бæбуйæ фехъуыстон, – загъта мæ фыд. Уый мын иу хатт иухатт, ацы зырдуры раз лæугæйæ, афтæ радзырдта. Уæртæ, дам, ацы зырдуры бакомкоммæ цы хæдзар ис, уым цардис, Къоста бирæ кæй уарзта, уыцы рæсугъд æмæ хæрзконд чызг Анна Попова. Æмæ, дам-иу, Къоста ацы зырдуры размæ арæх æрбацыд. Уый-иу ыл йæхи æруагъта æмæ-иу æнхъæлмæ каст, кæд æм ракæсдзæн йæ уарзон чызг рудзынгæй, уымæ. Æмæ-иу æй Къоста куы федта, уæд-иу йæ зæрдæ байдзаг циндзинады æнкъарæнтæй.

Æз куы фестырдæр дæн, уæд-иу ме `мбæлттимæ арæх цыдтæн Терчы цæугæдонмæ нæхи найынмæ. Æмæ-иу уазал донæй куы сгæппытæ кодтам, уæд-иу уыцы зырдурмæ базгъордтам æмæ-иу ыл нæхи хъарм кодтам. Хуры тынтæм-иу ахæм хъарм ссис æмæ диссаг. Уыцы зырдурыл-иу мæхи куы хъарм кодтон, уæд-иу арæх мæ зæрдыл æрлæууыдысты мæ фыды ныхæстæ Къостайы тыххæй. Мæ цæстыты раз-иу фегуырд ахæм ныв. Цыма-иу Къоста йæ нымæт айтыгъта ацы зырдурыл æмæ-иу йæ цæстытæ нал æмæ нал иста, Аннæ Попова цы хæдзары цард, уый рудзгуытæй.

Мæнмæ гæсгæ, ацы зырдур сыджыты бын ныгæд кæй æрцыд, уый раст нæу. Куы нæм ис Ермоловы ном чи хæссы, ахæм дур, уæд Къостайы номимæ баст цы зырдур у, уый афтæ рохуаты цæмæн баззад? Интернеты дæр бакæсæн ис Аннæ Попова ацы зырдуры тыххæй куыд фыссы, уый тыххæй æрмæг. Къоста, дам-иу, арæх æрбацыд ацы зырдуры размæ, фыста Аннæ Попова. Æрмæг та бацæттæ кодта Хуссар Ирыстоны Наукон иртасæн институты кусæг Бигъуылаты Иринæ. Æрмæг хуыйны «Две Анны в жизни Коста». 17 октябрь, 2010 аз.
Абайты Васо фыста, зæгъгæ, Æмбалты Цоцкъоимæ, дам-иу куы фембæлдтæн, æмæ-иу ын йæ къух куы райстон, уæд-иу мын уæлдай æхсызгондæр та уымæн уыд, æмæ уыцы къух кæддæр Къостайы къух кæй иста.
Ам, Мæскуыйы цæры ирон æхсæнад «Фарн»-ы бындурæвæрджытæй иу, булкъон Магкаты Мæирбег. Уымæн амæй размæ кæцæйдæр йæ къухтæм æрбахауд Къостайы къухфыстытæй цыппар сыфы. Æмæ мын Мæирбег куыд радзырдта, афтæмæй, дам, ацы къухфыстытæ куы райсын, уæд, мæм афтæ фæкæсы, цыма Къостайы къухты хъарм уддзæф банкъарын.

Къостайы уыцы къухфыстыты тыххæй Магкаты Мæирбег сæрмагондæй ныффыста хицæн æмдзæвгæ дæр. Æрхæсдзынæн дзы цалдæр рæнхъы:

Держу я на ладонях рукопись Коста
Довольно ветхие от возраста страницы.
Печать столетия на них видна, –
Смотрю я и не верю: может сон мне снится.

Ацы дæнцæгтæ æз уый тыххæй æрхастон, æмæ нын нæ номдзыд поэтимæ цыдæриддæр баст у, уыдон махæн не `ппæтæн дæр зынаргъ, табуйаг сты æмæ сæм уæлдай тынгдæр хъуамæ здахæм не `ргом.

Уæлдæр Къостайы номимæ баст цы зырдуры тыххæй фыссын, уый дæр, мæнмæ гæсгæ, рохгæнинаг нæу, фæлæ йæ фæстæмæ сыджыты бынæй скъахын хъæуы æмæ æвзæр нæ уаид, йæ уæлæ йын ныффыссын ахæм рæнхъытæ: «Ацы зырдуры раз-иу Къоста æнхъæлмæ каст йæ уарзон Аннæ Поповаимæ фембæлдмæ».

Ходы Тамерлан
Мæскуы

Annapopova

Комментариев: 0

Добавить комментарий

Back To Top
×Close search
Поиск